Сергей Меняйло амыдта завод «Электроцинк» Дзæуджыхъæуы бæрны бакæныны фæдыл æмбырд
Завод «Электроцинк»-ы фæзуат Дзæуджыхъæуы бæрны бакæнын. Йæ бынаты цы фæзуат ис, уымæй та раст спайда кæнын. Уый тыххæй Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйло бæстон æрныхас кодта бæрнон кусджытимæ. Куыстуаты сыгдæггæнæн кусæнгæрзтæ æмæ æнæзмæлгæ мулк, клинкер æвгæнæн æмæ ласæн техникæйæ уæлдай, раздахдзысты муниципалон исбонадмæ. Уый Уралы хæххон-металлургон компани клинкер иуылдæр куы аласа, уый фæстæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, «Электроцинк»-ы фарстайыл ныхас цыд Сергей Меняйло æмæ Уæрæсейы президент Владимир Путины фембæлды рæстæг дæр. Уæд регионы разамонæг рахаста фæндон, гæнæн кæм уа, уым æхсæнадон фæзуæттæ кæнæ цæрæнуæттæ саразыны тыххæй. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv