Ныхас кодтой, адæймагæн цавæр бартæ ис æмæ закъонты системæ куыд арæзтой, уый фæдыл.
Нæ республикæйы Конституцион тæрхондоны сæрдар Хъесаты Станислав фембæлд Дзæуджыхъæуы 27-æм скъолайы ахуырдзаутимæ конституцийы боны размæ. Ныхас кодтой, адæймагæн цавæр бартæ ис æмæ закъонты системæ куыд арæзтой, уый фæдыл. Скъоладзаутæн фадат фæцис зындгонд юристмæ фæрстытæ радтынæн. Ахæм фембæлдтытæ араздзысты Конституцион тæрхондоны иннæ кусджытæ дæр. Мадзæлттæ цæудзысты канд Дзæуджыхъæуы нæ, фæлæ ма нæ республикæйы иннæ районты дæр. Акцийы ма сæхи равдисдзысты Цæгат Ирыстоны Парламенты депутаттæ. Лекцитæ фæуыдзысты 12-æм декабры. Зæгъын æмбæлы уый, æмæ уыцы бон Уæрæсейы Конституцийыл 25 азы кæй æххæст кæны. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Ныхас кодтой, адæймагæн цавæр бартæ ис æмæ закъонты системæ куыд арæзтой, уый фæдыл.
Категория:
Новости и СМИ