Хъæууон-хæдзарады министрады гранттæ æнтысджынæй æххæстгонд цæуынц

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

21 милуан сомæй фылдæр рахайкæндзысты стурвос рапахат кæнынæн. Уый тыххæй фехъусын кодтой хицауды æмбырды. Сæрмагонд субсидитæ хъуамæ радтой куыстуæттæн дæр. Æнæуи, хъæууон хæдзарады рæзтæн æппæт уавæртæ дæр ис. Регионалон программæ «Агростартап»-ы дæр æнтысджынæй кусынц. Йæ фæлгæты нæ республикæйы фермертæн аразынц ног фадæттæ. Фадат сын ис сæхи хъæууон-хæдзарады алыхуызон къабæзты фæлварын. Дзанæгаты Алан у фермер. Кæны стурвосы куыст. Æрæджы йæ къухты бафтыд бацархайын программæ «Агростартап»-ы. Ацы программæ æххуыс у хъæууон-хæдзарады фыццаг хатт чи райдыдта фæллой кæнын, уыдонæн. Æмæ ма уымæй уæлдай амалхъом адæмæн дæр. Аланы бафæндыди, йæхæдæг цы фос дары, уыдонмæ ма ноджыдæр бафтауын. Хъæууон-хæдзарады къабазы æнцон кусæн нæу, зæгъынц фермертæ сæхæдæг. Зæгъæм, нæлгоймагмæ йæхимæ дæр ма уыди фос, фæлæ йæ бафæндыди, цæмæй хъæуы адæмæн дæр исты куыст сæ къухты бафта. Афтæмæй ныртæккæ Черменыхъæуы фæсивæд æххуыс кæнынц Дзанæгаты Аланæн. Дзанæгаты Аланы ныхæстæм гæсгæ, кусынц сæ бон куыд у, афтæ, фæлæ сын нæ фаг кæнынц зæххыттæ. Горæтгæрон районы муниципалон сконды сæргълæууæг Гаглойты Аланы хъæппæрисæй хаццоны лæвæрд æрцыдысты Черменыхъæуы къæлхозты раздæры зæххытæ. Ныртæккæ дзы хизынц фос. Хъæууон-хæдзарады министрады программæ «Агростартап» фæрцы Дзанæгаты Аланæн радтой 250 стуры. Фæнды ма йæ ноджыдæр йæ куыст рапарахат кæнын, фæлæ йын уыййас уавæртæ нæй. «Агростартап»-ы программæйы райрæзтæн рахай кодтой 183 милуан сомы бæрц. Грантисчытæ сты 65 фермерон хæдзарæдты кусджытæ, 33 дзы хауынц хъæууон-хæдзарадон 8 коперативмæ. 23 проекты дзы сты фосдарынады къабазы, 4 та – дзадзайы куысты, 16 – лыстæгфосдарынады. Мыдыбындзыты куыст кæндзысты дыууæ фермерон хæдзарады, зокъоты райрæзтæн та хъуамæ саразой 9 хъæрмуаты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Хъæууон-хæдзарады министрады гранттæ æнтысджынæй æххæстгонд цæуынц

Категория:

Новости и СМИ