Хæлардзинады уидæгтæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

8 лет назад

Æртæ азы дæргъы Уæрæсейæ алы регионтæй бархионтæ иумæ абалц кæнынц Кавказмæ, цæмæй йын хуыздæр базоной сæ адæмы, сæ культурæ. Иумæ бацархайын национ хæзнатæ бахъахъхъæныныл. Змæлд «Хæлардзинады маяктæ. Кавказы мæсгуыты» архайджытæ ацы хатт ссдысты Цæгат Ирыстонмæ. Ам та сæ зæрдæмæ, æнæмæнг, фæцæудзæн. Уазджытæ сæ фыццаг æнкъарæнты тыххæй радзырдтой нæ уацхæссæгæн. Баира Болдырева Цæгат Ирыстоны фыццаг хатт ис, фæлæ цалдæр бонмæ Аланты зæхх йæ зæрдæйы арф бынат бацахста. Йæхæдæг куыд зæгъы,афтæмæй , ацы проекты фæрцы ахæм алæмæты æрдзы рæсугъддзинæдтимæ, хъæздыг культурæимæ æмæ зæрдæхæлар адæмимæ кæй базонгæ уыдзæн, уый æнхъæл йæхæдæг дæр нæ уыд.Æппæты тынгдæр нæ Хъалмыхъхъаг уазæджы зæрдæмæ фæцыдысты нæ историон цыртдзæвæнтæ. Мыггаджы мæсгуытæ никуы федта, уымæ гæсгæ йæм тынг цымыдисаг кæсынц. Баира Болдырева: «Зæрдæ дарæм, мах ацы регионæн пайда,кæй æрхæссдзыстæм. Уымæн æмæ ахæм историон æмæ архитектурон хæзнатæ бахъахъхъæнын хъæуы . Бынæттон цæрджытимæ ныхас кæнгæйæ, базыдтам цы федтам, уыдон дзæвгар фылдæр кæй уыдысты. Ныр сæ 30 % йеддæмæ нал сты. Уымæ гæсгæ сæм уæлдай цæст дарын хъæуы, нæ фидæн сты. Историйы æвдисæнтæ, адæмы цардимæ зонгæ кæнæг. Нæ уидæгтæ нæ рох кæнын нæ хъæуы». Змæлд «Хæлардзинады маяктæ. Кавказы мæсгуыты» æртæ азы æххæстгонд цæуы. Уыцы рæстæгмæ дзы архайдтой нæ бæстæйы алы регионтæй дæсгай минæвæрттæ. Змæлды сæйраг нысан у - алыхуызон культурæты æмæ динтыл хæст адæмы `хсæн бастдзинæдтæ фæфидар кæнын. Ацы аз проекты архайджытæ сты 16 регионы минæвæрттæ. Уазджытæ ссыдысты Абхази æмæ Хуссар Ирыстонæй дæр. Проект се ппæты зæрдæмæ дæр цæуы. Варзетов Владислав: «Тынг бирæ æнкъарæнтæ мæм ис. Ам æрæмбыд сты нæ бæстæйы алы регионты цæрджытæ. Алкæмæн дæр сæ йæхи культурæ ис. Уыдон иууылдæр иумæ куы вæййынц уæд уый стыр тых у. Махæн та стыр амонд æмæ æхсызгондзинад хæссы. Уымæй уæлдай-ма базонæм пайдайаг информаци, уæдæ нæ фæлтæрддзинад дæр рæзы». Змæлды архайджыты адих кодтой къордтыл. Цæгат Ирыстонæй къорды ис 16 адæймаджы. Æрыгæттæ бабæрæг кодтой астæуккаг æнусты арæзт мæсыг, йæ алывæрстæ йын ссыгъдæг кодтой. Фæнды сæ йæ рацарæзтыл бацархайын. Бархионтæ ам къуыри йеддæмæ нæ уыдзысты, уымæ гæсгæ сæ программæ у бирæвæрсыг, уæдæ куыст дæр бирæ. Бархионты змæлды минæвæрттæ бабæрæг кодтой Цæгат Кавказы республикæтæн сæ фылдæр. Æрыгæттæ куыд зæгъынц, афтæмæй, проектæн стыр ахадындзинад ис, пайдайаг у. Йæ фæрцы архайджытæ бирæ ногдзинæдтæ базонынц, цавæрдæр хъуыддæгтæм та сæ цæстæнгас дæр аивы. Проект у хæрз æрыгон, фæлæ йæ фидæн та у рухс кæй у, уый æрыгæтты фидарæй уырны. Цæгат Ирыстоны фæстæ проекты архайджтытæ абалц кæндзысты Волгæмæ. Уыдзысты 30 адæймаджы. Се`хсæн Цæгат Ирыстоны минæвæрттæ дæр. Уым дæр программæ нæ ивы, афæлгæсдзысты æмæ базонгæ уыдзысты уым цæрæг адæмты культурæ æмæ историимæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Хæлардзинады уидæгтæ

Категория:

Новости и СМИ