Азымджын æй кæнынц
26-аздзыд Гуйты Георгийы Мæскуыйы тæрхондоны уынаффæмæ гæсгæ 2 мæйы æмгъуыдмæ ахæстонмæ бакодтой. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм Цæгат Ирыстонæй рацæугæ нæлгоймаджы азымджын кæнынц террористон организаци «ИГИЛ»-æн 50 милуан сомы арвитынæй. Ацы организаци Уæрæсейы нымад у æнæзакъоныл. Куыд зæгъы, афтæмæй уый æнхъæлдта, æмæ Африкæйы цæрæг сывæллæттæн æххуыс кæны. Гуйты Георгий йæхи аххосджыныл нæ нымайы. Йæ фарсхæцæг домдта, цæмæй йæ хæдзары ахстæй дарой. Фæлæ тæрхонгæнæг ууыл не сразы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Азымджын æй кæнынц
Категория:
Новости и СМИ