Æдасдзинады номыл
Фæндаджы сæрты ахизын алы хатт æнцон нæ вæййы. Бæргæ, алы ран уыцы хуызджын рухсытæ куы уыниккам, фæлæ кæм ис ахæм амонд... Светофортæ æвæрыны хъуыддаг се `нцонтæй нæу - домы лæмбынæг æркаст. Бирæ машинæтæ кæуыл цæуы, ахæм фæндæгты цур та ма чъизи дæр вæййы. Ацы фарстайыл чи куыд кусы æмæ хæстæгдæр рæстæг светофортæ цавæр уынгты фæзындзысты, уый базыдта Пелиты Сабинæ. Сырх, бур, цъæх æмæ ацыдыстæм. Светоформæ гæсгæ фæндаджы сæрты хизыны фæтк бирæтæн зонгæ нæу. Томайы æмæ Бутырины фырты фæндæгты алвæндаджы цур хæдзæртты цæрджытæ хъуыды дæр нæ кæнынц ам искуы светофор уыд, уый. Афтæмæй та дзы фæндаггон фыдбылызтæ арæх æрцæуынц. Хъыгагæн дзы вæййы лæгмæрдтæ дæр. Ацы районмæ хæстæг сты сывæллæтты рæвдауæндон, автомобилон скъола, сывæллæтты сфæлдыстады галуан, 28-æм скъола. Стæй бирæуæладзыгон хæдзæрттæ дæр. Æмæ цæрджыты бинонтæ цалынмæ сæ хæдзæрттыл сæмбæлой, уæдмæ сæм сæ зæрдæтæ куыд нæ хсайынц. Фарон ацы алвæндаджы 3 фæндаггон фыдбылызы. Уый бирæ цæуыл дзурæг у. Светофор ацы ран æнæмæнг кæй у, уый зонынц Дзæуджыхъæуы Администрацийы траспорты æмæ фæндæгты арæзтады специалисттæ дæр. Фидараты Роберт зæгъы, светофор сывæрыны размæ уал сбæрæг кæнынц фыдбылзтæ дзы куыд арæх цæуынц, уый. Светофортæ дæр радмæ гæсгæ æвæрынц. Æппæты фыццаг сæ сæвæрынц тæссаг æмæ фæндаггон фыдбылызтæ арæх кæм æрæцæуынц, ахæм фæндæгтыл. Иу ахæм участокыл нымад у Трассовая æмæ Елхотаг уынгы дзуарывæрд фæндаг. Фарон дзы æрцыд 4 аварийы, 1 адæймаг уæззау цæф фæци. Дзæуджыхъæуккаг æмæ Гакайты Алиханы уынгы алвæндаджы та фарон 4 фæндаггон фыдбылызы æрцыд. Шофыртæ зæгъынц - æнæ сфетофортæй ацы фæндæгтæ адæмæн стæй шофыртæн дæр тæссаг сты. Паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ та зæгъынц, æнæ фæндаггон змæлд сбæлвырдгæнгæйæ, исты хатдзæгтыл дзурын бынтон раст нæу. Кæд рад куыд æмбæлы, афтæ хæссынц, уæддæр фæндаггон æгъдаухалджыты нымæц къаддæр нæ кæны. Куы сæ бауромæй, уæд та кæмæн светофоры аххос вæййы, чи та фæндагмæ не ркæсгæйæ, размæ афтæ ныццæвы æмæ йæ бауромын дæр зын вæййы. Светортæ сæвæрæн ис - зæгъынц специалисттæ. Фæлæ ис иу фиппаинаг. Машинæтæ уæлдæф куыд чъизи кæнынц æмæ экологийæн цы стыр зиан хæссынц, уый алчидæр зоны. Светофор æвæрд куы æрцæуы, уæд машинæты бахъæуы фæзилæнты иу цасдæр рæстæг алæууын. Уыцы рæстæг уæлдæфмæ калынц сæ чъизидзинæдтæ - æмæ уæд хæстæгдæр хæдзæртты цæрджыт райдайынц хъаст кæнын - хъыгдарынц нæ, зыгъгæ. Иннæмæй та сæ фæнды фæнгæгтыл цыл æдас куыд уа, уый дæр. Æмæ рауады дывæр фарста: светофор æвæрæм æмæ цæрджытæ тысдзысты машинæты чъизийæ? Æви шофыртæ алвæндæгтыл сабырдæр цæудзысты? ДЗуапп хъуамæ радтой сæхæдæг- зæгъынц специалисттæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Æдасдзинады номыл
Категория:
Новости и СМИ