«Театры Азы» хатдзæгтæ
2019 аз нысангонд уыд куыд «Театры Аз» æмæ уый дæр нæй ныууадзæн æнæ хаттдзæгтæ скæнгæйæ. Æцæгæйдæр ацы аз уæлдай æмхиц рауад сфæлдыстад æмæ театралон аивадимæ. Уый дын йæ куыст сног кодта Цæгат Ирыстоны бæхты театр. Дыгурон драмон театр архайдта фольклорон театрты æппæтадæмон фестивалы, Мæскуыйы. Саккаг ын кодтой жюрийы сæрмагонд лæвар. Уырыссаг академион театры артисттæ æнæхъæн бæстæйыл æрзылдысты гастрольтимæ. Сæхæдæг дæр бирæ фестивалтæ сарæзтой. Ацы аз ма нæ къухы бафтыд æндæр ахсджиаг хъуыддаг - нæ республикæйы байгом кодтой инклюзивон театр «Вдохновение», зæгъгæ. Сфæлдыстадон куыст ныр кæнынц ацæргæ адæмы хæдзар «Узæлд»-ы. Театры азы фæлгæты районты театрты разамонджытæн сарæзтой дæсныйад барзонддæр кæныны ахуыртæ. Амыдтой сæ аивады раззагдæр дæснытæ. Иу дзырдæй, дæнцæгæнхæссинаг хъуыддæгтæ бирæ. Цымыдисаг спектакльтæ, ног премьерæтæ, фестивальтæ, конкурстæ. 2019 азы Цæгат Ирыстоны арæзт æрцыд куыд культурон, афтæ аивадон мадзæлттæ дæр. Æмæ йын æндæр хуызы гæнæн дæр нæ уыд. Уымæн æмæ нæ бæстæйы президент Владимир Путин 2019 снысан кодта театры азæй. Йæ фæлгæты æппæт Уæрæсе дæр хъæздыг уыд бирæ алыхуызон цаутæ æмæ хабæрттæй. Фæстейы нæ баззад нæ республикæ дæр. Цыдæриддæр нæм мадзæлттæ арæзт æрцыд, уыдон се 'ппæт дæр арф фæд ныууагътой адæмы зæрдæты æмæ зынгæ фæбæрæг сты Дзæуджыхъæуы культурон райрæзтыл. Æнæхъæн аз горæты театртæн сæ дуæрттæ гом уыдысты аивадуарзджытæн. Уæлдай дæр 2019 аз. Ирон театр суазæг кодта бирæ адæм. Николай Гоголы æнæмæлгæ пьесæмæ гæсгæ æвæрд спектакль 9 азы фæстæ ногæй Ирон театры сценæйыл фæзынд. Йæ режиссер - Цæгат Ирыстоны æмæ Кæсæг-Балхъары сгуыхт артист Уалыты Гиви. Хлестаковы ролы - æрыгон æмæ курдиатджын актер Еналдыты Дмитрий. 27 мартъи - Æппæтдунеон театры бон. Уый фæдыл кады гæххæтыттæй æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæй хорзæхгонд æрцыдысты нæ республикæйы зындгонд артисттæ. Уæдæ æнæ фестивальтæй дæр нæ ацыд ацы аз. Ирон театры та - националон театрты фестивль «Сцена без гарниц», «Кинобарс» æмæ æндæртæ. Æмткæй райсгæйæ уыдысты 4. Бацархайдтой дзы Уæрæсейы сгуыхт артисттæ, режиссертæ, продюсертæ. Театры аз ма адæм, уæлдай дæр та фæсивæд, бахъуыды кодтой Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты аивæдты факультеты студентты сæ спектакль «Ромео и Джульетта» - ы фæрцы. Англисаг драматург Уильям Шекспиры пьесæ сæвæрдтой ирон театры сæйраг режиссер Уалыты Гиви æмæ Дзæуджыхъæуы Мариинаг театры Цæгат Ирыстоны филиалы сæйраг балетмейстер Суанты Валерийы разамындæй. Ацы спектаклимæ фæсивæд ацыдысты гастролты дæр. Æнæхъæн аз иу æмæ дыууæ хатты æвдыст не ‘рцыд Паддзахадон университеты сценæйы. Хетæгкаты Къостайы номимæ баст мадзæлттæ дæр бирæ уыдысты. Уæлдайдæр ацы аз йæ райгуырдыл æххæст кодта 160 азы. Уый фæдыл киноуарзджытæн æхсызгон лæвар. Ирон литературæйы бындурæвæрæджы поэмæ «Фатимæ»-мæ гæсгæ ист киноныв адæм федтой ирон æвзагыл. Уый тыххæй та егъау куыст бакодтой Цæгат Ирыстоны алы театырты актертæ. Æрбангом сты æмæ бацархайдтой кинойы архайджыты иронау сдзурын кæныныл. Интернат-хæдзар «Забота»-йы та фыццаг хатт байгом кодтой инклюзивон театр-студи «Вдохновение». Ацы проектыл иумæйагæй бакуыстой Цæгат Ирыстоны театралон архайджыты цæдис æмæ Алайнаг епархийы фæсивæды хайад. Нæ республикæйы Евгений Вахтанговы номыл академион уырыссаг театр дæр æнæхъæн аз архайдта, цæмæй йæ репертуар уа хъæздыг æмæ цымыдисаг. Ацы театр кæдфæндыдæр хъуыстгонд уыд йæ режиссертæ, нывгæнджытæ æмæ драматургты нæмтты фæрцы. Кæддæр ам йæ пьесæтæ æвæрдта Михаил Булгаков, Евгений Вахтангов, ирон литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къоста. Зæгъæн ис, 2019 азы Ирыстоны цæрджытæ федтой бирæ алыхуызон цымыдисаг цаутæ. Цæгат Ирыстоны Паддзахадон дыгурон театрæн дæр йæ аз уыди æнтысджын. 2019 аз ацы театрæн бæркадджын уыди премьерæтæ, гастролтæ æмæ æхсызгон фембæлдтæй. Сывæллæтты театр «Саби» кæдфæндыдæр рухс кæны рæзгæ удты зæрдæтæ. Бонæй бонмæ дзы æвæрд цæуынц алыхуызон æмæ цымыдисаг спекакльтæ. 13 азы «æнæзмæлгæйæ» цы театр уыд, уый дæр ныртæккæ сног кодта йæ куыст æмæ æнтыстджын къахдзæфæй райдыдта йæ аивадон цыд. Æнæхъæн Уæрæсейыл хъуыстгонд цы артисттæ уыдысты, уыдон та нын равдыстой сæ фæлтæрддзинад. Зындгонд бæхты драмон театр «Нартæ» æрæджы бацæттæ кодта цымыдисаг æмæ арфхъуыдыджын премьерæ. Паддзахадон театры архайджытæ ныридæгæн цæттæ сты ног æнтыстытæм. Æрæджы бæхты театрæн сæ гæнæнтæ фæфылдæр сты. Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеславы хъæппæрисæй сын самал кодтой ног бæхтæ. Фидæны аз та сæм æнхъæлмæ кæсынц æхсызгон ивддзинæдтæ. Бæркадджын аз рауад фæсивæдон театртæн дæр. 22 азы дæргъы адæмы зæрдæтæ рухс кæны сатирæйы театр "Амыран". Уыдон æрвылаз цæттæ кæнынц цымыдисаг равдыстытæ. Иу дзырдæй, 2019 аз театрдзаутæ арвыстой рæсугъд æмæ хъæлдзæгæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
«Театры Азы» хатдзæгтæ
Категория:
Новости и СМИ