Закъон ма халут
Фæндæгтыл цæуыны æдасдзинад хуыздæр хъахъхъæныны тыххæй дзы æвæрын райдыдтой автоматикон хуызисæн æмæ видеоцæстдарды системæтæ. Уыдон хъуамæ фæфылдæр кæной, фæндагыл цæуыны `гъдæуттæ чи халы, уыдоны рохтыл хæцыны цаутæ. Æгас республикæйы уал ныридæгæн сæвæрдтой æмæ æнтыстджынæй кусынц 37 æнæзмæлгæ комплексы. Уыдон иртасынц хæдтулгæты тагъдад, стæй уæвгæ дæр шофыртæ сæхи куыд дарынц фæндæгтыл, уый. Ныртæккæ та ма Дзæуджыхъæуы ахæм аппаратурæйæ сифтонг кодтой, фæндæгтæ дзуарæвæрд кæм сты, ахæм 5 раны. Фиппайдзысты сыл светофоры фæдзæхсæг бæрæггæнæныл æмæ уромæг хаххы сæрты ахизыны, фистæгцæуджыты ахизæнтыл бауромыны, стæй фæндаджы ныхмæдзæуæг тæлммæ æнæзакъонæй рахизыны цаутæ. Физикон æгъдауæй уал сæ ныффидар кодтой, ныр сæм хъуамæ æркæсой, цæмæй раст кусой, уый тыххæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Закъон ма халут
Категория:
Новости и СМИ