Хетæджы дзуары бæрæгбоны æдасдзинады мадзæлттыл дзырдтой сæрмагонд æмбырды

2 тыс. подписчиков

12+
12+

13 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

13 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

13 просмотров

7 лет назад

Хетæджы Дзуары бæрæгбоны фæдыл æдасдзинады фарстатыл дзырдтой сæрмагонд æмбырды. Архайдтой дзы республикæйы мидхъуыддæгты министрады, Уæрæсейы Гвардийы, Æнæнхъæлæджы уавæрты æмæ Алагиры районы бынæттон хиуынаффæйады минæвæрттæ. Пъæлицæйы булкъон Сабанаты Альберт куыд бафиппайдта, афтæмæй Цæгат Ирыстоны Хетæджы Дзуары бæрæгбон æппæты ахсджиагдæртæй иу у. Уый тыххæй хъæуы æдасдзинады æмбæлгæ домæнтæ сæххæстæ кæнын Кувæндоны. Профилон ведомствæты хъæуы иумæйаг мадзæлттæ аразын, цæмæй бæрæгбон барадхæлдтытæ ма уа, уый тыххæй. Алагиры районы Дзуæртты фонды сæрдар Бутаты Руслан куыд загъта, афтæмæй алы аз дæр барадхъахъхъæнджытæ фæкусынц бынаты æмæ сæ фæрцы бæрæгбон æнæ æнæнхъæлæджы цаутæй ахицæн вæййы. Æмбырыды архайджытæ зæрдæ бавæрдтой, ацы аз дæр Хетæджы Дзуармæ адæмæн æнæ къуылымпытæй кæй куыдзæн, сæ бон скувын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Хетæджы дзуары бæрæгбоны æдасдзинады мадзæлттыл дзырдтой сæрмагонд æмбырды

Категория:

Новости и СМИ