Цас фылдæр, уыййас хуыздæр

2 тыс. подписчиков

12+
12+

18 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

18 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

18 просмотров

8 лет назад

Нæ дарддæры æрмæджы хъайтарты, æгас Цæгат Кавказы дæр базыдой. Кадзаты бирæсывæллонджын бинонтæ сты дæнцæгæн хæссинаг. Æрæджы сæм райгуырд 14-æм сывæллон. Не `сфæлдыстадон къорд бабæрæг кодта Беслæны цæрæг бинонты æмæ базыдта, цы у æцæг бинонты амонд, уый. Кадзаты бинонтæм там цины бон. Хуыцау сын 14 -æм сывæллон балæвар кодта. Бинонты кæстæр - Марк. Ныййарджыты ныхæстæм гæсгæ, ныртæккæ сæ бинонтæ куыд æмбæлы, афтæ: 7 чызджы æмæ 7 лæппуйы. «Хаттгай нæ сæ нæмттæ дæр æрбайрох вæййынц» - зæгъынц мидбыл худгæйæ. Фæлæ нæммтæ взаргæ та кæнынц бæстонæй. Зæгъæм, Арон, Касия, Руфина, Серафима. Ныййарджыты ныхæстæм гæсгæ, алы сывæллоныл дæр узæлынц. Сæ уарзондзинад сеппæтмæ дæр æгæрон у. 14 сывæллоны хъомыл кæнын сæм зын нæ кæсы. Сæ хæстæджытæ дæр сын æххуыс кæнынц. Фæлæ сæ сæйрагдæр æххуысгæнджытæ сты сæ хистæр цот. Арон сын у фыццаг сывæллон. 17-аздзыд лæппу скъола фæуд кæны сыгъзæрин майданыл. Уымæй уæлдай ма у курдиатджын музыкант дæр. Скъолайæ уæлдай ма ахуыр кæны Гергиты Валерийы номыл аивæдты колледжы дыккæгæм курсы. Фæлæ йæ фидæн бæтты медицинæимæ. Арон ахуыры куыд сæрæн у, афтæ хæдзары дæр. Кусынмæ зивæг нæ кæны. Уымæй уæлдай ма йæ кæстæр хотæ æмæ фсымæртæм дæр сæ урочытæ кæнынмæ фæкæсы. Кадзаты бинонты сфæлдыстад æрмæст Арон нæ уарзы. 14 сывæллонæй 8 ахуыр кæнынц скъолайы. Уымæй уæлдай ма сæхи музыкæйы дæр фæлварынц. Уæгъд рæстæг сæ ныййарджытæн саразынц хæдзарон концерт. Азæлынц виолончель, скрипкæ æмæ фортепиано. Сывæллæтты мад Лариса у худæнбыл æмæ уæздан сылгоймаг. Цалынмæ йæ цардæмбал куысты вæййы, хистæр сывæллæттæ та скъолайы, уæдмæ фæкæсы кæстæртæм. Рæвдауæндонмæ сын нæ цæуынц. Уымæ гæсгæ Ларисæйæн бирæ куыст ис. «Мæ сывæллæтты хсæн сæ фылдæрæн се хсæн афæдз йæддæмæ нæй. Кæцыдæрты æхсæн ис афæдз æмæ рдæг. Фелхæнæм сын æмхуызон хъазæнтæ, цæмæй кæрæдзийымæ ма хыл кæной, дæуæн рæсугъддæр у, зæгъгæ. Æмткæй райсгæйæ, кæрæдзиуыл æнувыд сты. Æнæ кæрæдзи дæр нæ лæууынц. Скъоламæ дæр сæ дыгæйттæй раттон. Афтæ мæнæн дæр, æмæ сæхицæн дæр æнцондæр у», — ныййарæг мад Кадзаты Ларисæ. Кадзаты бинонтæ сæ цæрæнбынатæй нæ хъаст кæнынц. Сабитæ кæм базмæлой, ахæм бынат дæр сæм ис. Фæлæ афтæ æдзух нæ уыд. 6 азы размæ бахаудысты «Æрыгон бинонтæн» æххуысы программæмæ. Райстой сертификат хæдзар балхæнынæн. Фæлæ сæ бæстыхай гыццыл рауад, æмæ йæ ауæй кодтой. балхæдтой зæххы хай æмæ сарæзтой ног стырдæр хæдзар. Аразынмæ сæм фæкастысты се мбæлттæ дæр. Ныр сæм ис 7 хуыссæнуаты æмæ 3 хинайæн уаты. Хæдзары фарн æмæ амонд та зыны йæ цæрджыты цæстыты се ппæты дæр. Биджелты Бертæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Цас фылдæр, уыййас хуыздæр

Категория:

Новости и СМИ