Радон æмбырд
Цæгат Ирыстоны хициуады та ис ивддзинæдтæ. Уый тыххæй абон адон амбырды фехъусын кодта республикæйы хицауад æмæ сæргълæууæджы администрацийы разамонæг Челæхсаты Рустем. Финансты министры фыццаг хæдивæг сси Оксана Карова, йæ иннæ хæдивæгæй та йын сфидар кодтой Андиаты Зæринæйы. Багаты Зæлинæ бацахста республикæйы паддзахадон исбонад æмæ зæххыты ахАстыты министры фыццаг хæдивæджы бынат. Цæкулаты Русланы та снысан кодтой Цæгат Ирыстоны фæндаггон хæдзарады комитеты сæрдары хæдивæгæй. Æмбырды ма æрныхас кодтой æндæр ахсджиаг фарстатыл дæр. Дзырдтой йе нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыцы адæмæн æххуысы æмæ сын куыст ссарыны фадæтты тыххæй. Хицауады сæрдар куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй æнцонвадат цардыуаджы программæ хъуамæ куса алы ран дæр. Уæлдай цæстдард æмбырды уыд республикæйы цæрджытæн куысты бынæттæ саразыны фарстамæ. Тускъаты Таймураз куыд загъта, афтæмæй фылдæр цавæр специалисттæ хъуаг у республикæ, уый рабæрæг кæнын хъæуы. Æрныхас ма кодтой æрыгон æмæ бирæсывæллонджын бинонтæн æххуыс кæныны тыххæй дæр. Уыдонæн Джызæлы хъуамæ радих кæной зæххытæ. Аивадон æрмдæсныты рæзты центры саразыны фарстамæ дæр хицауады уæнгтæ æркастысты. Центр саразынæн ныридæгæн радих кодтой бынат горæты астæу. Республикæйы æрмдæснытæн уыдзæн фадат бæстыхайы сæ куыстытæ æвдисынæн. Тускъаты Таймуразы ныхæстæм гæсгæ, туризмы рæзт у республикæйы раззагдæр нысантæй иу, æмæ уыцы куысты фæлгæты та хъæуы ахæм центртæ аразын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Радон æмбырд
Категория:
Новости и СМИ