Цæгатирыстойнаг æрыгон спортсментæ Минводы спортивон ерысты райстой 8 раззагдæр бынаты

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

4 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

4 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

4 года назад

Спорт — æнæниз фæсивæды хъомыладæн. Йæ фæрцы кæстæртæ хуыздæрырдæм ивынц куыд уæнгдыхæй, афтæ удыхъæдæй дæр. Тренировкæты та æппынæдзух иумæ кæй вæййынц, уымæ гæсгæ кæрæдзиимæ цæрынц лымæнæй. Æрæджы цæгатирыстойнаг боксёртæ бацархайдтой ерысты Минводы. Сæхи равдыстой æнтыстджынæй. Боксæй архайгæйæ, хъæуы лæгдзинад æмæ тыхджын удыхъæд равдисын. Рингмæ рацæуыны размæ хъуамæ дæ мидтыхстыл фæтых уай. Томайты Константин боксæй хӕцы æрмæст æхсæз мæйы. Ерысты бацархайдта фыццаг хатт æмæ сси уæлахиздзау. Фæсивæд кæд сæхи цæттæ кæнын райдыдтой фарон сентябры, уæддæр сын ис иттæг хорз æнтыстытæ. Æхсæз фыццаг æмæ дыууæ дыккаг бынаты. Сæ тренерты ныхæстæм гæсгæ, Ирыстоны боксæн ис хорз фидæн. Ерыстæ ацыдысты Минводы. Сæ тыхтæ дзы æвзæрстой Цæгат Кавказы федералон зылды 12 регионы минæвæрттæ. Се 'хсæн ирыстойнаг 8 спортсмены. Ахæм ерысты фæрцы æрыгон спортсментæн фӕзынынц ног гæнæнтæ. Райсынц ног зонындзинæдтæ æмæ фæлтæрддзинад. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv