Чи куыд кусы
Къуырийы мгъуыдмæ Дзантиаты Сергейы хъуыддагмæ æркæсдзысты æмæ йæ бæдæтдзысты тæрхондонмæ. Уый тыххæй абон фехъусын кодта мидхъуыддæгты министр Михаил Скоков йæ пресс-конференцийы. Куыд зонут, афтæмæй фарон августæй фæстæмæ Дзантиаты Сергей дунейы бæстæты хсæн агуырды ис. Байгом ыл кодтой 5 уголовон хъуыддаджы. йемæ ма аххосджыныл нымад сты 4 бæрнон кусæджы. Мидхъуыддæгты министр ма ацы ацы куыстæн хатдзæгтæ скодта. 2018 азы 3 мæймæ республикæйы æрцыд 1 500 фыдракæндæй фылдæр. Уый фаронимæ абаргæйæ у 8% къаддæр. Терроризмы цаутæ регоны не рцыд, фæкъаддæр сты фатертæй дæвдтытæ æмæ цæстфæлдахæн митæ. Уыимæ 5% фæфылдæр сты наркотикты æнæзакъон зилдухы цаутæ. Министры хъуыдымæ гæсгæ, Цæгат Ирыстоны ведомствæйы специалистты руаджы йæ хæдзары хæцæнгарз æнæзакъонæй чи дары, уыцы фæткхалджыты арæхдæр рабæрæг кæнынц. Йæхи куыстæн та цавæр аргъ кæны, зæгъгæ фарстайæн Михаил Скоков радта дзуапп. Пресс-конференцийы фæстæ Михаил Скоков уацхæсджытæн сарæзта экскурси. Бабæрæг кодтой Петр Барбашовы цур цы мемориалон комплекс скодтой, уый. Скодтой дзы аллейæ æмæ дзы тырыса ауындзæнтыл сфидар кодтой æдзард хæстонты къамтæ. Фыст сыл сты сæ ном æмæ мыггæгтæ æмæ сæ царды хабæрттæ. Комплексы ма ис салдæтты хи дзаумæттæ æмæ Фыдыбæстæй Стыр хæсты рæстæджы æфсæддон техникæйы музей. Æхсызгон ма уый æмæ комплекс саразыны фæндон фæзынд Михаил Скоковмæ æмæ йæ сæххæст кодта. Гом арвы бын музей кадджын уавæры байгом кæндзысты 4-æм майы 12 сахатыл. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Чи куыд кусы
Категория:
Новости и СМИ