Фыдбылызтæ не руадзыны мадзæлттæ
Интернеты алыхуызон сайтты, суанг ма нæ республикæйы чи кусы, уыдоны, арæх фенæн вæййы алыхуызон цауты тыххæй æрмæджытæ. Хъыгагæн, се `хсæн бахауы машинæйыл арт схæцыд, зæгъгæ, хъусынгæнинæгтæ. Уыдонмæ бирæты зæрдæтæ сæнкъуысынц. Фæлæ, хуымæтæджы нæ фæзæгъынц - "фыдбылыз не руадзыныл рагацау кусын хъæуы". Профилактикон куысты кад ахадгæ у ныры тæлфаг царды. Уыцы хæс æххæст кæнынц æнæнхъæлæджы уавæрты министрады æмæ `ндæр уагдæтты кусджытæ. Абон сарæзтой сæрмагонд рейд. Æвдисæнтæ йын уыдысты нæ уацхæсджытæ дæр. Ам, лабораторийы сбæрæг кæндзысты машинæ цæмæй ссыгъд, уый. Уымæн йæ аххоссæгтæ алыхуызон вæййынц, стæй фыдбылызæн дæр бирæ нæ хъæуы: телтæ кæрæдзиуыл андзæвыдысты, зæгъгæ, уæд дæр машинæйыл арт схæцы. Вæййы ма афтæ, æмæ чидæртæ барæй басудзынц искæй машинæ. Фæлæ рæстдзинад рабæрæг вæййы. Уый тыххæй та фыццаг æххуысгæнæг - лабораторон иртæстытæ. Бæргæ хорз уаид æмæ специалистты куы нæ хъæуид, машинæ цæмæй басыгъд, уый иртасын. Уæвгæ дæр куы нæ судзиккой. Экспертты хъуыдымæ гæсгæ уымæн хорз фæрæз у профилактикон куыст. Цæмæй зынгсирвæзтытæ къаддæр цæуой, уый тыххæй æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ æмæ барадхъахъхъæнджытæ сарæзтой рейд. Шофыртæн радон хатт æмбарын кодтой, бахъуаджы сахат куыд архайын хъæуы, уый, байуæрстой сын зæрдылдарæн гæххæттытæ. Раст зæгъгæйæ, бирæтæ сæм цымыдисæй хъуыстой. Чидæр та ма йæхи амынддзинæдтæ не вгъау кодта. Ацы азы райдайæнæй республикæйы басыгъд 8 машинæйыл. Сæ фылдæр уыдысты рог хæдтулгæтæ. Фæлæ фыдбылызæй хызт ничи у. Уымæ гæсгæ эксперттæ профилактикон куыст кæнынц маршрутон такситы хицæуттæ æмæ шофыртимæ дæр. Уæвгæ, уыдон æрмæст сæхи æмæ сæ машинæтæн дзуапп нæ дæттынц. Дзуапп дæттынц бæлцæтты æдасдзинадæн. Зыхъуаты Жаннæ, Ангелина Васильева, Александр Левченко, Ирыстоны хабæрттæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Фыдбылызтæ не руадзыны мадзæлттæ
Категория:
Новости и СМИ