Сергей Меняйло архайдта Цæгат Кавказы национ æдасдзинады фарстаты фæдыл æмбырды Грознайы
Сергей Меняйло архайдта Цæгат Кавказы национ æдасдзинады фарстаты фæдыл æмбырды Грознайы. Амыдта йæ Уæрæсейы Æдасдзинады советы секретарь Николай Патрушев. Ныхас цыд экономикон, паддзахадон, стæй æхсæнадон æдасдзинадыл. Уымæй уæлдай, æппæтадæмон экстремистон æмæ террористон организациты ныхмæ архайдыл. Æмбырды рæстæг снысан кодтой инфраструктурæйы объекттæ æмæ æхсæнадон бынæттæ хъахъхъæныны сæрмагонд мадзæлттæ. Уæлдай æргом аздæхтой æрдзон фыдбылызтæм æмæ граждайнаг хъахъхъæныныады системæмæ. Паддзахады сæргълæууæджы минæвар куыд фæнысан кодта, афтæмæй хъуыддаджы ис райхалинаг фарстатæ дæр. Сæ иу — систæмæйы объектты цæттæдзинады ныллæг æмвæзад. Бакусын хъæуы æнæнхъæлæджы цауты рæстæг цæрджыты эвакуацийы мадзæлттыл дæр. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv