Æрæфы районы 18 æм æнусы арæзт гæнах быронæй байдзаг
Адæмы иннæ сæрниз ма - сæ алфамблай быронты бын кæй кæны, уый. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый та фылдæр сæхи аххос у. Æмæ уæд, цыфæнды хъазт куы кæнай бæрнон кусджытæм æмæ профилон службæтæм, уæддæр фыццаджыдæр сыгъдæгдзинадмæ адæймаг кæса йæхæдæг. Раст куы зæгъгæм, уæд Цæгат Ирыстоны уымæ уæлдай цæстадард цæуы. Уый тыххæй дзурынц куыд бынæттон цæрджытæ, афтæ хицауад дæр йæхæдæг. Хъуыддаг хорз у, фæлæ æфснайгæ куд кæнæм, бырон дæр, афтæ. Цал æмæ цал хатты фенæм социалон хызты, куы иу ран бырондон саразынц, куы иннæ ран. Ахæм æвдисæнтæ алы районы дæр ис. Махæн дæр сыл нæ цæст æрхæцыд. Се`ппæты тыххæй куы дзурæм, уæд нæ программæйы рæстæг не`сфаг уыдзæн, фæлæ сæ кæцыдæрты тыххæй æнæмæнг хъæуы зæгъын. Бæлвырддæр нæ дарддæры æрмæджы. Цæгат Ирыстоны кæмттæ историон нысаниуæг кæмæн ис,ахæм цыртдзæвæнтæй хъæздыг сты. Уæлдай дæр та Дыгургомы. Уæкæцы хъæуы астæу лæууы 18-æм æнусы кæрон арæзт гæнах. Нæ фыдæлты царды æвдисæнтæй иу,у. Туристтæ æмæ уазджытæ ардæм арæх æрбацæуынц .Фæлæ историон нысаниуæг цы цыртдзæвæнæн ис, уымæн адæм иухуызон аргъ нæ кæнынц. Нæ фыдæлты гæнахæй рауад бырондон. Ивгъуыд аз бархионтæ цыртдзæвæнмæ базылдысты. Фæсивæд хъæуы цæрджытимæ иумæ гæнах бафснайдтой. Афæдз дæр нæма рацыд, æмæ та гæнахы алфамбылай быронæй байдзаг. Хъæуы администраци йæхи тыхтæй архайы историон нысаниуæг кæмæн ис,уыцы бынæттæ бахъахъхъæныныл. Фæлæ сæ бон алы адæймаджы цур лæууын нæу. Хъæуы бырондæттæ дæр ис. Цæрджытæ хауæтдзæгтæ аласынæн фидгæ бакæнынц. Уыцы лæггад аслам нæу. Уæлдайдæр та ахæм дард хъæутæй. Бæлццæты дæр нæ аххосджын кæнынц. Фæлæ арæх уазджыты фæстæ цæугæдоны былгæрæтты æмæ хъæуы уынгты бирæ бырон баззайы. Хъæуы цæрджытæ сæхи тыхтæй зилынц гæнахтæм æмæ мæсгуытæм. Фæлæ курынц уазджытæй цæмæй æрдзыл ауæрдой. Сæ фæстæ æфснайой. Уазиты Зæлинæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Æрæфы районы 18 æм æнусы арæзт гæнах быронæй байдзаг
Категория:
Новости и СМИ