Æфсæддон сгарджытæ абон бæрæг кæнынц сæ профессионалон бон
Æфсæддон сгарджытæ абон бæрæг кæнынц сæ профессионалон бон. Снысан æй кодтой 31 майы, 2006-æм азы. Арфæйы ныхæстæ, бæрæгбоны фæдыл, ракодта Уæрæсейы хъахъхъæныны министр Сергей Шойгу. Куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй æфсæддон сгарджыты куыст ахсджиаг кæй у æмæ национ æдасдзинадмæ ахадгæ æвæрæн кæй хæссынц. Ацы бон сбæрæг кодтой Хуссар Æфсæддон Зылды дæр. Сарæзтой алы хуызон мадзæлттæ. Æфсæддон сгарджытæ бацæттæ кодтой сæрмагонд программæ, равдыстой сæ архайды куыд арæхсынц, уый. Сарæзтой разбадæн ныббырст æмæ тактикон тох, къуххæст æмæ кардæй арæхстдзинад. Уазджытæн равдыстой æфсæддон уæлæдарæс, хæцæнгарзæй ифтонгад æмæ æфсæддон техникæ. Профессионалон бæрæгбон æдыппæтæй сбæрæг кодтой 1 мин æфсæддонæй фылдæр. Вячеслав Верительников, Хуссар Æфсæддон Зылды мотоæхсæг къорды ефрейтор: «Æфæсддон сгарæджы куысты хъуамæ тас ма уа. Ацы дæсныйадыл хæст лæппутæн сæ удыхъæд уæлдай фидар у. Цæттæ ст алыхуызон æвирхъау цаутæ аиуварс кæнынмæ. Нæ арæхсдзинад радисынмæ цæттæ кодтам бæстонæй. Уæлдай дæр фæстар къуыри. Ацы бон нын ахсджиаг у, арфæтæ нын чи кæны, уыдонæн нæхи номæй зæыгън бузныг». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Æфсæддон сгарджытæ абон бæрæг кæнынц сæ профессионалон бон
Категория:
Новости и СМИ