Æппæтадæмон фестиваль æркаст «Ирон Бæгæны»-йæ тæмæны бацыд

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

Æппæтадæмон фестиваль-æркаст «Ирон Бæгæны» йæ тæмæны бацыд. Йæ архайджытæ ерыс кæнынц бæгæны фыцынмæ чи сæрæндæр у, зæгъгæ. Ныридæгæн фестивалы æрдæгфиналы къæпхæнтæ сарæзтой нæ республикæй районты. Хуыздæртæ дæр сбæрæг сты - Дыгуры районы хуыздæр бæгæныфыцæгыл банымадтой Къæдохты Аллæйы. Æрæфы районы та сæрæндæр разынд Моститы Ирмæ. Абон фестиваль бахæццæ Арыдоны районмæ. Бынæттон культурæйы галуны цур фæзы сарæзтой рæсугъд бæрæгбон. Сæ арæхстдзинад равдыстой 15 архайæджы. Æрыдоны абон уыд æцæг бæрæгбон. Культурæйы галуаны цур фæз йæ хуыз скалдта алыхуызон ахорæнтæй. Æрбамбырд дзы сты районы алы къуымтæй бæгæны фыцыны сусæздзинæдтæ чи зоны, уыдон. Плиты Фатимæ у Фыййаджы Былæй. Бæгæны фыцы 10 азы дæргъы алы бæрæгбонмæ дæр. Фестивалы архайджытæ семæ канд бæгæны не ’рбаластой, фæлæ ма равæрдтой бæркадджын фынгтæ дæр. Фатимæйы фынг иннæтæй уæлдай бæрæг дардта рагон национ хæринæгтæй. Касаты Людмилæ дæр у фестивалы архайæг. Бæгæны фыцын æй сахуыр кодта йе ’фсин. Куыд зæгъы, афтæмæй алы бæгæныфыцæгмæ дæр йæхи сусæгдзинæдтæ ис. Фæлæ, æппæты ахсджиагдæр у иу хъуыддаг. Бырнацты Дианæ бæгæны 3 азæй йеддæмæ нæ фыцы. Фæлæ, уæддæр ын йæхи сусæгдзинæдтæ уыцы рæстæгмæ фæзынд. Фестивальмæ ма рбаласта хи къухтæй конд куклатæ национ уæлæдарæсы. Конкурсы архайджыты арæхстдзинадæн аргъ кодтой сæрмагонд жюрийы уæнгтæ. Фестивалы чидæриддæр архайдта, уыдон хæст сты иу хъуыдыйыл. Нæ традицитæ бахъахъхъæнынæн ахæм хъуыддæгтæ стыр пайдайаг сты. Фестивалы архайджытæ æмæ уазджытæн ма сарæзтой нæ фыдæлты рагон кусæнгæрзты радвыст. Тынг цымыдисæй сæм кастысты се 'ппæт дæр. Уыимæ ма, Æрыдоны чиныгдон равæрдта ирон бæгæны æмæ нæ республикæйы историйы тыххæй чингуытæ. Уазджыты зæрдæтæ ма бахъæлдзæг кодтой рæсугъд зарджытæ æмæ кæфтытæй дæр. Уæлахиздзауты схорзæхджын кодтой æхцайы фæрæзтæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæй. Хуасдзауты Алинæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Æппæтадæмон фестиваль æркаст «Ирон Бæгæны»-йæ тæмæны бацыд

Категория:

Новости и СМИ