Ног ифтонггæрзтæ
Ног медицинон ифтонггæрзтæ балæвар кодтой 1-æм поликлиникæйæн. Пайда уыдзæн, хъусæй рæвдз чи нæу, уыдонæн. Дзæбæхгæнæндонмæ уыцы хорзæх æрхауд Санкт-Петербурджы медицинон æхсæнад æмæ амалхъом адæмы фæрцы. Дохтыртæн ныр сæ бон уыдзæнис адæмы æнæниздзинад хуыздæр иртасын. Кадджын уавæры ног кусæнгæрзтæ поликлиникæйыл сæмбæлдысты абон. Мадзалы архайдтой республикæйы хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз, поликлиникæйы дохтыртæ æмæ Петербурджы минæвæрттæ. Стыр æххуыс ног кусæнгæрзтæ балхæныны хъуыддаджы бакодта Боллоты Таймураз. Дохтырты ныхæстæм гæсгæ, Цæгат Ирыстоны ис, йæ бон ахæм аппаратурæйыл кусын кæмæн у, ахæм специалисттæ. Сæ зæронд кусæнгæрзтыл фаг фæлтæрддзинад райстой. Калоты Людмилæ - Дзæуджыхъæуы 1-æм поликлиникæйы дохтыр: «Стыр бузныг нæ æмбæстæгтæн уый тыххæй, æмæ нæм сæ руаджы хорз специалисттæ кæй сæмбæлы. Бантысы нын аккаг æмæ ахадгæ æххуыс бакæнын рынчынæн. Уæдæ нæм сæ руаджы цы ног кусæнгæрзтæ сæмбæлд, уый та цæй аргъ у... Ахæм аппараттæ нæ тынг хъуыдысты. Чи нæм ис, уый ныззæронд, æмæ дзы уадиссаг пайда нал уыд. Хъуыди нæ ахæм аппарат, уыдис нæм, фæлæ зæронд у. Нæхи тыхтæй та йæ нæ бон балхæнын нæ уыдис». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Ног ифтонггæрзтæ
Категория:
Новости и СМИ