Цæгат Ирыстоны инфляци 2019 азы равдыста 1,9%
Цæгат Ирыстоны инфляци 2019 азы равдыста 1,9%. Уый Цæгат Кавказы регионты у æппæты къаддæр бæрæггæнæн. Уый тыххæй хъусын кæнынц Цæгат Кавказы Паддзахадон статистикæйы службæйæ. Æппæты фылдæр та инфляци схызт Дагестаны 3,8%. Сæрмагондæй баст у стуры дзидзайæн алыхуызон инфекцитæй тæссаг кæй уыд, уыимæ. Æмткъæй райсгæйæ Цæгат Кавказы федералон зылды инфляци у 3,2%. Уый 2018 -æм азимæ абаргæйæ у 0,5% къаддæр. Бæрæггæнæнтæм гæсгæ, нæ республикæйы фæлхасадон æргътæ ноябримæ абаргæйæ декабры æрхаудысты - 3% . Уый та уымæн, æмæ декабры бæрæгбæтты рæстæг æргътæ схизынц æмæ продукттæ фæзынаргъдæр вæййынц. Æйчытæ, халсартæ, нуæзтытæ, кæсаг, денджызон, дзидзайы æмæ къалбасы продукттæ, стæй адджинæгтæ зынгæ фæзынаргъдæр вæййынц. Фæлæ афæдзы райдиан, Ног азы бæрæгбæтты фæстæ æргътæ свæййынц сæ раздæры хуызы. Уæрæсейы Банчы специалистты хъуыдымæ гæсгæ инфляци дарддæр дæр къаддæр кæндзæн. Уыимæ уæлæмхасæн аргъыл хъалон 2019 азы райдиан кæй фæфылдæр, уый руаджы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны инфляци 2019 азы равдыста 1,9%
Категория:
Новости и СМИ