Дзӕуджыхъӕуы уыд хицауады радон ӕмбырд, сӕрдариуӕг дзы кодта республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло
Хуымæллæджы бындуронæй цалцæггонд сывæллæтты рæвдауæндон эксплуатацимæ лӕвӕрд нӕма 'рцыд. Бæстыхай нырма хъæугæ мигæнæнтæй ифтонггонд нӕу. Хицауады æмбырды республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло бабар кодта хæрдзтæ банымайын æмæ æхцайы фæрæзтæ самал кæнын. Регионы разамонæджы ныхæстæм гæсгæ, национ проекттæ æххæст кæныны хъуыддагмæ хъæуы бæрнондæр цæстæнгасæй кæсын. Сæ фæлгæты цы объекттæ аразынц, уыдон нысангонд æмгъуыдмæ хъуамæ уой цæттæ. Уый фæдыл бафæдзæхста районты аразын иумæйаг æмбырдтæ. Архайдзысты дзы дзуаппдæттæг ведомствотæ æмæ районы разамынд. Сергей Меняйлойы ныхæстæм гæсгæ, национ проекттыл хъæуы бирæвæрсыгӕй кусын. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv