Хъдзаты Аслæнбег
Уæвгæ, Цæгат Ирыстоны æндæр сыгъзæринтæ дæр æнцонагурæн сты. Нæ курдиатджын фæсивæдæй зæгъын. Æрмæст спорты къабазыл куы дзурæм, уæд дзы цалæй айхъуысын кодтой нæ республикæйы ном æгас бæстæ æмæ дунейыл дæр. Мæнæ та ныр дæр нæ номдзыд боксер Хъозаты Аслæнбег Цæгат Ирыстоны спортуарзджыты зæрдæтæ барухс кодта хорз хабарæй. Сыхъуыст нæм Грознайæ. Уым æппæтадæмон турнир «Время легенд: возрождение», зæгъгæ, номимæ, ирон богал рамбылдта йæ ныхмæлæууæджы - Ганæйаг боксер Абдул-Азизу Куартэйы. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Хъозаты Аслæнбег ивгъуыд аз мартъийы бахъахъхъæдта дунейы чемпионы ном IBO Intercontinental-ы версимæ гæсгæ. Уыцы кадджын хæрзиуæг рамбылдта сентябры 2016-æм азы. Уæвгæ та, Аслæнбег профессионалон рингмæ рахызт 2008-æм азы. У Европæйы чемпион WBC-йы версимæ гæсгæ, боксы уыцы версимæ гæсгæ ма - дунейы интерконтиненталон чемпион æрыгæтты æмæ хистæрты `хсæн дæр, афтæ Азийы чемпион дæр хистæрты `хсæн. Грознайы ерыстæ куыд ахицæн сты, ууыл аныхас кæныны фæдыл нæм Хъозаты Аслæнбег абон саккаг кодта нæ студимæ. Дæ изæр хорз, Аслан! _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хъдзаты Аслæнбег
Категория:
Новости и СМИ