Фæндаггон куыстытæ
Дзæуджыхъæуы цæуынц фæндæгты цалцæггæнæн куыстытæ. Фыццаджыдæр, Дзæуджыхъæумæ цы бацæуæнтæ ис, уыдон. Ацы аз бындуронæй фæндаггон службæтæ бындуронæй сцалцæг кæндзысты 30 уынджы. Куыстытæн уал се `мбис фесты. Æдæппæтæй фæндæгтæ саив кæнынæн федералон бюджетæй радих кодтой 500 милуан сомы. Кæцы уынгтæ уал скалдтой сæ хуыз, уый базыдтой нæ уацхæсджытæ. Дзæуджыхъæуы Максим Горькийы уынг сæйрагдæр уынгтæй иуыл нымад у. Горæты картæйыл фæзынд нудæсæм æнусы астæу. Уал азмæ баййæфта бирæ ивддзинæдтæ. Æртæ къуырийы размæ та дзы фæндаггон службæтæ райдыдтой цалцæггæнæн куыстытæ. Ацы уынгыл куыстытæ хъуамæ тагъд фæуой. Ног ахырадон азы райдианмæ объект хъуамæ эксплуатацийы радтой. Уый фæстæ рахиздзысты Бородинскийы æмæ Фрунзейы уынгтæм. Ныридæгæн дзы райдыдтой фæндаджы былгæрæтты къæйдуртæ .Фæндаджы уæлцъар баивыны фæнд кæнынц Ирыстойнаг уынджы, æмæ Пожарскийæ-Николаевы уынджы онг фæндаджы хай. Чапаевы æмæ Тельманы уынгты дæр фæндаг сæ хæрзтæй нæу. Бирæ дзыхъхъытæ дзы ис, уыдоны аххосæй фæндагыл цæндтæ дæр фæзыны. Администрацийы куыд зæгъынц афтæмæй фæндæгты рацарæзт цæуы пъланмæ гæсгæ. Иу чысыл ма æмæ Архонкæмæ фисæнмæ ввахс фæндæгтæ дæр цалцæггонд фæуыдзысты. Фæндаджы дыууæ километры хай фæуæрæхдæр кодтой. Уый руаджы горæтмæ бацæуæнты фæндагыл æнцондæр цæуæн у. Дзæуджыхъæуы администрацийæ куыд хъусын кæнынц афтæмæй ма хæстæгдæр фидæны баивдзысты 20 уынджы фæндæгтæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Фæндаггон куыстытæ
Категория:
Новости и СМИ