Хайдарбек Бутов зæрдиаг арфæ ракодта Хъантемыраты Эльбрусæн йæ 75 азы юбилейы фæдыл
Хъантемыраты Эльбрус сбæрæг кодта йæ 75 азы юбилей. Уый фæдыл ын республикæйы промышленность æмæ транспорты министр Хайдарбек Бутов зæрдиаг арфæ ракодта. Кады гæххæттæй схорзæхджын кодтой историк, этнограф, бæстæзонæн музейы равдыстадон хайады хицау Хъантемыраты Эльбрусы бæрзонд квалификацион æххуыс æмæ семинартæ «Азбука народной культуры», зæгъгæ, кæй арæзта, уый фæдыл. Хъантемыраты Эльбрус загъта бузныджы ныхæстæ. Куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй цы куыст кæны, уый адæмы зæрдæтæм фæндаг кæй ссардта æмæ йын аккаг аргъ кæй кæнынц, уый ахсджиаг хъуыддаг у. Зæрдиагæй йæ куыст уарзы æмæ æрыгон фæлтæрæн йæ зонындзинæдтæ лæвар кæны, уымæн æмæ аивадæн йæ цард чи снывонд кодта, уыцы адæймагæн ацы æппæт æууæлтæ сты хъæугæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хайдарбек Бутов зæрдиаг арфæ ракодта Хъантемыраты Эльбрусæн йæ 75 азы юбилейы фæдыл
Категория:
Новости и СМИ