Гугкайы-фырты æмæ Московскæйы уынгтæ кæм баиу вæййынц, уым зæххы бынты ахизæн фехæлдтой фыдгæнджытæ
Гугкайы-фырты æмæ Московскæйы уынгтæ кæм баиу вæййынц, уым 2018 азы байгом кодтой зæххы бынты ахизæн. Сцалцæг æй кодтой Дзæуджыхъæуы администрацийы раздæры сæрдар Æлбегаты Барисы фæдзæхстæй. Зæххы бын цæуæн æнæхъæнæй аивтой. Къултæ сфæлыстой керамогранитæй, сæвæрдтой дзы æфсæйнаг дуæрттæ, рухс ногæй бауагътой. Ахизæн сифтонг кодтой видеокамерæтæй дæр. Йæ сыгъдæгдзинадмæ йын адæм кастаиккой абон дæр, фæлæ, хъыгагæн, фыдгæнджытæ бавдæлдысты æмæ йын йæ рæсугъддзинад фехæлдтой. «Вандал» кæй хонынц, ахæм закъонхалджыты къорд социалон объекты аивдзинад фæцудын кодта. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Гугкайы-фырты æмæ Московскæйы уынгтæ кæм баиу вæййынц, уым зæххы бынты ахизæн фехæлдтой фыдгæнджытæ
Категория:
Новости и СМИ