Къостайы проспекты 288 хæдзары цæрджытæ республикæйы сæргълæууæгмæ курдиатимæ фæсидтысты

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

5 лет назад

Къостайы номыл проспекты бирæуæладзыгон хæдзæрттæй иуы цæрджытæн сӕ тыхст райдайы, арвыл мигътæ куы æрбамбырд вæййынц, уæд. Тæрккъæвдаты рæстæг хæдзары алыварс сæвзæрынц малтæ. Уавæр сраст кӕныныл ныр цалдæр азы дæгъы архайынц цæрджытæ сæхæдæг, фæлæ сын нæма бантыст. Куыд зæгъынц, афтæмæй сæ фылдæр хатт бахъæуы дæрдтыл цæуын, сæ сæрты ахизæн кæй нæй, уый тыххæй. Фарста аиуварс кæныны тыххæй курдиат фæхæццæ кодтой нæ республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйломæ дæр. Уый фӕрцы фарста аппаратон æмбырды профилон бæрнадты размæ хаст æрцыд. Бæлвырддæр нæ дарддæры æрмæджы. Къостайы номыл проспекты 288 хæдзары адæм æрцардысты 50 азы размæ. Ацы хæдзар нымад у нæ республикæйы стырдæр бирæуæладзыгон хæдзæрттæй иуыл. Цæрæнбынаты раз – 7-æм æмæ 36 -æм скъолатӕ. Къæвдаты рæстæг хæдзары кæрт донæй байдзаг вæййы. Сывæллæтты бахъæуы скъоламæ æндæр фæндæгтæ агурын. Ацы хæдзары Махъоты Виктория тынг раджы æрцард. Республикæйы сæргълæууæгмæ хæдзары уавæры тыххæй курдиат арвитыны хъæппæрис дæр Викториямæ разынд. Республикæйы разамындмæ фыстæджы бæлвырд ӕрфыста, хæдзары кæрты цы кæлæддзаг бæстыхай ис, уый тыххæй дæр. Кæддæр уыд донцъирæн станцæ. Пайда дзы рагæй нал кæнынц, ныр та у санитарон æгъдауæй зианхæссæг арæзтад. Викторияйы курдиатæн дзуапп уайтагъд радтой. Фарстайы тыххæй республикæйы сæргълæууæг фехъусын кодта аппаратон æмбырды. Сергей Меняйло дзуапдæттæг министртæн бабар кодта фарста равзарын æмæ аиуварс кæнын. Дзæуджыхъæуы администрацийы минæвæрттæ дæр бынатмæ батагъд кодтой сæхи цæстæй уавæр фенынмæ. Донцъирæн станцæимæ баст фарстатæ иуварс кæндзысты æмгуыстады руаджы. Бирæуæладзыгон хæдзары кæрт та банывыл кæндзысты дзуапдæттæг куыстуаты специалисттæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv