Зæхкусджытæн - субсидитæ
Зæххы куыст чи кæны, йæ тыллæг зайæгойтæ æмæ халсартæй чи фылдæр кæны, уыдонæн ма фадат ис хъæууон хæдзарады министрадæй субсидитæ райсынæн. Ахæм æххуыс кæнынц 5 азы дæргъы, федералон программæ гæсгæ. Ацы аз субсидиты бæрц у 40 млн сомы, уыдонæй 3 милуанæй фылдæр радих кодтой республикæйы бюджетæй. Сæ фæрцы 200 фæллæйгæнæгæн бантыст, цы `хца схардз кодтой, уыдон фæстæмæ райсын. Фæлæ ацы аз та цал уыдзысты, уый бæрæг нæма у – æхцайы фæрæзтæ фæкъаддæр кодтой. Министрады ма куыд загътой, афтæмæй субсидитæ райсынмæ никæй æвзардзысты, æрмæстдæр дзы хъæуы гæххæтытæ бадæттын 2 февралмæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Зæхкусджытæн - субсидитæ
Категория:
Новости и СМИ