Ручъы тъуннелмæ 'ввахс агурынц зæйы бын чи фæци, уыцы уæрæсейаг æфсæддоны
Æхсæв бонмæ Транскамы агуырдтой уæрæсейаг æфсæддоны. Агурæн-ирвæзынгæнæн мадзæлттæ цæуынц ныр дæр. Архайынц дзы 45 специалисты æмæ техникæйы 9 иуæджы. Раздæр ма уын куыд хъусын кодтам, афтæмæй знон изæры 6 сахатмæ хæстæг Ручъы туннелмæ ввахс блок-постыл рацыд зæй. Йæ быны фесты 5 адæймаджы. Дыууæ æфсæддоны фæмард, дыууæйы та бантыст фервæзын кæнын. Ныртæккæ сты Цхинвалы медицинон центры. Транскамы фæндаг та ныр æртыккаг бон æхгæд у æвзæр боныхъæды аххосæй. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv