Статистикæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ мæгуырты нымæц рæзы
Уæрæсейы статистикæйы службæ апарахат кодта бæрæггæнæнтæ. Баст сты нæ бæстæйы магуырты нымæцимæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй фылдæр кæнынц. 2019 азы фыццаг кварталы бæрæггæнæн сырæзт 14,3%. Афтæмæй, фарон, йæ нымæц уыд 13,9%. Уæрæсейæгтæй мæгуыр цард кæнынц 21 милуан адæймаджы. Уыимæ, фæцæрынæн æппынкъаддæры бæрцæй сæ æфтиæгтæ зынгæ ныллæг сты. Иу азмæ, ома 2018 азæй-2019-мæ мæгуырты нымæц фæфылдæр 500 мины. Бирæтæ уый бæттынц фæцæрынæн æппынкъаддæры бæрцимæ. Афтæмæй та, нæ бæстæйы райрæзты тыххæй национ проектты*хсæн фыст ис - 2024 азмæ, мæгуырты нымæц 2 хатты фæкъаддæр кæнын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Статистикæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ мæгуырты нымæц рæзы
Категория:
Новости и СМИ