Ног гæнæнтæ
Хъæууон-хæдзарады рæзтæн Цæгат Ирыстоны 4 фермерæн радих кæндзысты 50 милуан соммæ хæстæг. Стурвос чи дары æмæ хи фермæ кæмæ ис уыцы цыппар амалхъом адæймаджы рамбылдтой конкурс. Уый тыххæй абон фехъусын кодтой хъæууон хæдзарад æмæ исбонады министрады æмбырды. Хъæууон хæдзарадтæ сты Рахизфарсы, Горæтгæроны æмæ Кировы районы. Курдиæттæ фермертæ балæвæрдтой рагагъоммæ. Бадзырдмæ гæсгæ æхцайы фæрæзтæй хъуамæ балхæной стурвос. Федералон субсидитæй уæлдай ма амалхъом адæймаг 40% хи фæрæзтæй спайда кæна. Хæдзарады рæзтæн уый у æнæмæнг æууæл. Фæнысан кæнын хъæуы уый æмæ гранттæ райсын чи хъавыд уыдонæн бизнес-план раст саразын æххуыс кодтой министрады кусджытæ. Марзойты Казбек: «Фæрæзтæ райсдзысты хæстæгдæр рæстæг. Раздæр уал сæ хъæуы хæрзхъæд стурвос кæмæй æлхæнынц уыцы адæмимæ бадзырд бафыссын. Кæй зæгъын æйæ хъæуы 5 азы дæргъы амалхъом адæммæ махæй уыдзæн цæстдард. Куыд кусынц уый бæрæг». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Ног гæнæнтæ
Категория:
Новости и СМИ