Муниципалитеттимæ комкоммæ ныхас

2 тыс. подписчиков

12+
12+

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

9 лет назад

Ахæм уынаффæ сæххæст кæнын сын бахæс кодта Битарты Вячеслав. Ацы æмæ æндæр ахсджиаг фарстатыл ныхас кодта районты разамонджытимæ фембæлды рæстæг. Битарты Вячеславы хъуыдымæ гæсгæ ахæм хуызы муниципалитетты разамонджытæ хуыздæр зондзысты лыггæнинаг фарстатæ æмæ сын комкоммæ дзуапп дæтдзысты. Æмбырды ма дзырдтой республикæйы санитарон уавæрыл. Æрдз хъахъхъæныны министрады специалисттæ Дзæуджыхъæу æмæ Рахизфарсы районы рабæрæг кодтой 10 бырондоны. Бæстон æрныхас кодтой цæрæн-коммуналон хæдзарады куыстыл. Фадзайты Æхсарбеджы хъусынгæнинагмæ гæсгæ Цæгат Ирыстоны 60 бирæуæладзыгон хæдзары иунæг разамынддæттæг компани кæнæ цæрджыты æмбалады бæрны дæр не сты. Стыр æргом аздæхтой, фæсивæдæн куысты бынæттæ кæй нæй, уымæ. Битарты Вячеслав фæсидт фæсивæды социализацийы центры кусджытæм, цæмæй организацитæ æмæ куыстуæттимæ æнгомдæр бастдзинад дарой. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Муниципалитеттимæ комкоммæ ныхас

Категория:

Новости и СМИ