Сергей Меняйлойы разамындæй ацыд аппаратон æмбырд
Республикæ сæрдыгон каникулты рæстæг цæттæ у Запарожьейы облæсты Черниговы районæй сæдæ сывæллоны суазæг кæнынмæ. Уый тыххæй фехъусын кодтой аппаратон æмбырды. Фæсивæдæн бацæттæ кæндзысты алывæрсыг программæ — историон музейтæм экскурситæ æмæ хæхтæм балцытæ. Сывæллæттæ сæ разамонджытимæ æрбынат кæндзысты дзæбæхгæнæн кусæндæтты. Сæрдыгон дзæбæхгæнæн кампанимæ Цæгат Ирыстоны бæстонæй цæттæ кæнынц. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ лагерьтæ æмæ санаториты бæрæг кæнынц æдасдзинады домæнтæ. 168 объектæй 98 домæнтæн дзуапп дæттынц. Регионы разамонæг фæнысан кодта, фарстамæ уæлдай æргом здæхт, кæй ис. Æппæт объекттæ дæр хъуамæ цæттæ уой кампанийы райдианмæ. Республикæйы транспорт æмæ фæндаггон инфраструктурæйы комитеты разамонæг Солиты Тариэль куыд фехъусын кодта, афтæмæй "Беслæн-Дзæуджыхъæу" маршрут ныртæккæ кусы æнæ къуымпытæй. Линимæ уæлæмхасæн райстой хицæн адæймæгты къухты цы автобустæ ис, уыдон. Регионы разамонæг бахæскодта куыст фæткмæ гæсгæ рацаразын. Бабар кодта кæронбæттæн æрлæууæнты сæвæрын видеоцæстдарды камерæтæ, цæмæй дзуапдæттæг куыстуат æвæстиатæй сæвзæргæ фарстатæ иуварс кæна.