Елхоты бирæвæрсыг колледж банымадтой нæ бæстæйы хуыздæр ахуыргæнæндоныл
Елхоты бирæвæрсыг колледж кусын райдыдта 1984-æм азы. Уæдæй-абонмæ æнтыстджынæй архайы фæсивæды раст фæндагыл æвæрыныл. Цæттæ кæнынц алыхуызон къабæзты специалистты. Се ‘хсæн - хъæууон хæдзарады кусджытæ, электриктæ, программисттæ - иудзырдæй, адæмы цардыуаджы æхсызгонæй чи хъæуы, ахæмты. Архайынц сæ куыст нырыккон домæнтæм гæсгæ аразыныл. Афæдзæй-афæдзмæ сæ дæсныйæдты нымæц кæны фылдæр. Æрæджы та Елхоты бирæвæрсыг колледж сси Æппæтуæрæсеон конкурсы лауреат, банымадтой йæ нæ бæстæйы хуыздæр ахуыргæнæндоныл. Ныр Елхоты бирæвæрсыг колледж нымад у нæ бæстæйы хуыздæр колледжыл. Æппынæдзух дзы архайынц студентты ахуыр кæнынмæ разæнгард кæныныл. Аразынц сын æппæт хъæугæ фадæттæ дæр. Ахуырты фæстæ сæ дæсныйадмæ гæсгæ дихгонд æрцæуынц хицæн секцитыл. Уый руаджы сæ зонындзинæдтæ зынгæ фæуæрæхдæр кæнынц. Ацы хатт дæр сты хуыздæртæ. Бацархайдтой Æппæтуæрæсеон æркасты. Сарæзта йæ Санкт-Петербурджы социалон статистикæйы наукон-иртасæн институт. Колледжы канд ахуырадон хъуыддæгтæм не здахынц се ‘ргом, фæлæ ма архайынц ахуырдзаутæн се ’сфæлдыстадон æмæ спортивон курдиæттæ раргом кæныныл дæр. Арæх æнтыстджынæй бацархайынц республикон, стæй æппæтуæрæсейон конкурстæ æмæ фестивальты. Ныртæккæ колледжы ахуыр кæнынц 600 студентæй фылдæр. Сты куыд нæхи, афтæ сыхаг республикæтæй дæр: Дагестан, Кæсæг-Балхъар æмæ Цæцæнæй. Афæдзы дæргъы цалдæр хатты фæсивæд сæ дæсныйадмæ гæсгæ ацæуынц практикæ нæ республикæйы кусæндæтты. Ис ма сæм хъæууон-хæдзарадон техникæ дæр. Уыдоныл ахуырдзаутæ сæхи фæлварынц практикæйы хуызы. Колледж цалдæр хатты архайдта национ проектты. Цы гранттæ рамбылдтой, уыдоны руаджы сæм фæзынд дыууæ хъæрмуаты. Цы дзы `рзайын кæнынц, уыдонмæ фæсивæд зилынц сæ ахуыргæнджытимæ. Уый руаджы фæлтæрынц зæххимæ куысты. Цы джитъритæ æмæ пъæмидортæ дзы æрзайын кæнынц, уыдон экологон æгъдауæй сты сыгъдæг. А фæстаг рæстæг ма фæхуыздæр сты хæринаггæнджыты уавæртæ дæр. Сæрмагонд агъуыст сифтонг кодтой ног кусæнгæрзтæй. Ног азы студенттæм æнхъæлмæ кæсынц ног зонындзинæдтæ куыд теори, афтæ практикон æгъдауæй. Уый тыххæй цæттæ сты ахуыр æмæ кусынмæ. Зæрдæ дарынц дарддæр фылдæр æнтыстдзинæдтæ сæ къуыхы кæй æфтдзæн. Пелиты Сабинæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Елхоты бирæвæрсыг колледж банымадтой нæ бæстæйы хуыздæр ахуыргæнæндоныл
Категория:
Новости и СМИ