Дзанайты Барис амыдта социалон-фæллойадон ахастыты фæдыл къамисы æмбырд

Хицауады сæрдар Дзанайты Барис амыдта социалон-фæллойадон ахастыты фæдыл къамисы æмбырд. Бафыстой дзы бадзырд Цæгат Ирыстоны хицауад, республикæйы профцæдисты федераци æмæ куыстдæттджыты иугонды æхсæн. Йе 'мгъуыд у 2026-æм азмæ. Бадзырды сбæлвырд кодтой социалон æмгуыстады рæзты нысантæ. Фæнд кæнынц республикæйы кусæг фылдæр куыстуæттæ æмгуыстадмæ сразæнгард кæнын, стæй къамисы ахадындзинад фæллойадон фарстаты фæдыл паддзахадон политикæйы фæтынгдæр кæнын. Уымæй уæлдай ма æмбырды архайджытæ бафыстой регионалон бадзырд Цæгат Ирыстоны æппынкъаддæры мызды тыххæй 2024-æм - 2026-æм азтæм. Æрныхас ма кодтой, фæллой кæныны фадæттæ хуыздæр кæныны мадзæлттæ куыд æххæстгонд цæуынц, ууыл дæр. Бæстонæй æрлæууыдысты æгуыст адæмы нымæц фæкъаддæр кæныны æмæ хъыгдард æнæниздзинадимæ адæмæн куысты бынæттæ цæттæ кæныны фарстатыл.

Иконка канала IRYSTONTV
1 460 подписчиков
12+
15 просмотров
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии