Иу хатт ма
Аразджыты ног къорлимæ ацы хатт бирæ нæ дзырдтой. Сæ хæстæ сын бацамыдтой, æмгъуыд сбæрæг кодтой, куыстыты хæрзхъæддзинадмæ уæлдай цæст кæй дардзысты, уый дæр сын загътой. Дарддæр арæзтадон организацитимæ æрмæстдæр ахæм хуызы ныхас кæндзысты. Иу доны дыууæ хатты нæ цæудзысты. Раздæры организаци закъоны домæнтæ нæ сæххæст кодта, йæ куыст æмгъуыдмæ куыд æмбæлы, афтæ не скодта. Цæрджытæ хъаст кæнынц, сæ фатерты цартæй дон кæй кæлы, цартæ тæдзынц. Бындурон цалцæджы фонд равзæрста ног организаци. Ныр сын сæ куыстмæ уæлдай цæстдард уыдзæн. Уæдæ цæрæн хæдзæрттæм дæр афтæ. Хæдзæртты сæртæ, се æддаг бакаст, инженерон хызæгтæ. Аразджыты ног организацийы уæнгтæ зæрдæ бавæрдтой, алцыдæр афоныл саразынæй. Уыимæ куыстыты хæрхъæддзинад уыдзæн иттæг хорз. Сæ бæрны ис 5 бæстыхайы, ныридæгæн райдыдтой арæзтадон æмæ хæдзары сæртæ æмбæрзæн æрмæджытæ ласын. Уæвгæ хæдзæрттæ ногæй цалцæг кæнын хъæуы. Раздæры арæзтадон организаци цы бакуыста, уый дызæрдыккаг кæй у, уымæ гæсгæ ныр специалисттæ дывæр куыст кæнзысты. Фехалдзысты зæронд конструкцитæ, сæ бæсты та ногтæ фидар кæндзысты. Æркæсинаг фарстатæ бирæ. Цæрджыты хъаст дæр бамбарæн ис. Хæдзæртты сæртæ нæ бæззынц. Бындурон цалцæджы фонды куыд зæгъынц, афтæмæй уыцы уавæр бирæ нæ ахæсдзæн. Ног арæзтадон компанииымæ ныридæгæн бадзырд бафыстой. Куыстытæ хъуамæ 17-æм сентябры райдыдтаиккой. Фæлæ цæрджыты курдиатмæ гæсгæ сæ раздæр райдыдтой. Фæткмæ гæсгæ 5 бæстыхайы сæртæ хъуамæ дыууæ мæймæ баивой. Æдæппæтæй ацы аз бындуронæй 96 хæдзары сцалцæг кæндзысты. Фонды зæрдæ æвæрынц, цæрджытæ сæ зымæг æдыхстæй кæй арвитдзысты, уымæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Иу хатт ма
Категория:
Новости и СМИ