Нæхи Хърым
Нæ абоны раныхас хъæздыг у цаутæй, фæлæ сæ ахсджиагдæр - æгас бæстæ кæуыл æмбæлы, уыцы бæрæгбон. 5 азы размæ Хъырымы æрдæгсакъадах фæстæмæ раздæхт, кæй риуыл хуыд уыдис, уыды Уæрæсемæ. Бæстæйы Президент Владимир Путин уæд сæрмагонд бадзырд бафыста уый тыххæй. Æмæ ныр æгас паддзахад фырцинæй хæрдты хауы. Алы горæтты цæуынц бæрæгбоны мадзæлттæ, бархионты акцитæ, æфсæддон техникæйы равдыстытæ æмæ афтæ дарддæр. Уæдæ Хъырым дæр йæхицæй æппæлынмæ фæцис. Стæй цæмæй раппæла, уый уæвгæ дæр ис: æвдисы, фондз азмæ йæ къухы цы бафтыд, уыдæттæ, цæттæ кæны туристон балцвæдтæ, уæлдай сæрыстыр кæмæй у, уыцы хорзæхтæй, иудзырдæй, иу дæр æмбæхстæй нал ныууагъта. Абон Хъырым, куыд фæзæгъынц, афтæмæй æддæг-мидæг ауад. Суанг ма адæмæн улæфæн бон дæр радтой, цæмæй сæ бæрæгбонæй æххæстæй бафсæдой. Райсомæй уырдæм æрцыдис бæстæйы Президент Владимир Путин. Йæ фæндаг ракодта дыууæ электростанцæйыл æмæ иу дæстанцæйыл, фæстæдæр Севастополы фембæлд æхсæнадон организациты минæвæрттимæ. Уæдæ адæмы хъуыды дæр уал азмæ нæ аивта. Сæ 95 проценты ныр дæр цин кæнынц Уæрæсемæ раздæхыныл. 5 азы размæ хъæлæс дæр уыйбæрцæй кодтой. Сæ царды уавæртæй дæр уæдæ хъаст чи ракæна, ахæмтæ стæмтæ сты. Уæрæсейы бæрны Хъырымы экономикон бындур фæфидар дыууæ хатты. Уый фылдæр баст у, туристтæ йæм кæй ныххæррæтт кодтой, уыимæ. Сæ фадæттæ фæуæрæхдæр сты. Уый дын Уæрæсе æрдæгсакъадахмæ цы хид айтыгъта, уый. Уæдæ Симферополы цы ног аэропорт сарæзтой, уый адæм сæхæдæг нымайынц феныны аккагыл. Цæсты ахады, дардæй йæм куы кæсай, уæддæр. Йæ сæр æмæ йæ къултæ сты аив кæдзтæ, раст денджызы донау зыны. Хонгæ дæр æй уымæн ракодтой "Хъырымаг уылæн", зæгъгæ. Раздæр-иу йæ бакастæй зæрдæ бамæгуыр. Ныр та дзы сæрыстыр сты. Байгом дзы кодтой æхсæнадæмон терминал дæр. Нырма фæсарæнтæй комкоммæ рейсытæ нæма байгом кодтой, фæлæ уымæ дæр бирæ нал хъæуы. Ныр дæр æндæр бæстæты минæвæрттæ куы нæ лæууынц Хъырым бабæрæг кæнынын, уæд ма фæстæдæр та цы уыдзæнис? Хиды тыххæй дæр уæдæ дыууæ ныхасы зæгъæм. Афæдзмæ `ввахс кусы. Нырма уал ыл æрмæстдæр автотранспорт цæуы, фæлæ йыл рæхджы райхъуысдзæн поездты цæлхыты гуыпп-гуыпп дæр. Нырма хид иуæй-иу Интернет-навигатортыл нæма фæбæрæг кодтой. Цæмæ `нхъæлмæ кæсынц, уый бæрæг нæй, сæхи дзы кæй æгад кæнынц, уый сæм нæма бахъардта. Йæ арæзтады спайда кодтой тæккæ нырыккондæр технологитæй, чи йыл куыста, уыдон зæрдæ `вæрынц, сæдæгай азтæ кæй фæлæудзæн. Хуыцау ма зæгъæд, фæлæ ма суанг 9 баллы зæххæнкъуыст дæр бафæраздзæн. Символикон хуызы дзургæйæ та, хид ссис Уæрæсе æмæ Хъырымы иудзинады нысан - иу фæндаг кæй равзæрстой, уый æвдисæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Нæхи Хърым
Категория:
Новости и СМИ