Уæрæсейы раивдзысты хъæбæр коммуналон хауæццæгтæ ласыны тариф
Уæрæсейы раивдзысты хъæбæр коммуналон хауæццæгтæ ласыны тариф. Нæ бæстæйы хицауады уынаффæмæ гæсгæ, æмбæлгæ бæрц нысан кæндзысты ног хуызы. Æфтиæгты хъалон æмæ алфамблайыл æвзæры*рдæм кæй ахады, уый нал хынцдзысты. Монополиты ныхмæ федералон службæйы куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй тариф ног хуызы нысан кæнын кæй райдайдзысты, уый руаджы адæмæн сæ фиддонтæ фæкъаддæр уыдзысты. Уæрæсейы экологон операторы минæвæрттæ куыд зæгъынц, афтæмæй ног уынаффæмæ гæсгæ куыст фæбæрæг уыдзæн хауæццæгтимæ цы компанитæ кусынц, уыдоны 4 процентыл, ома, сæ экономикон бæрæггæнæнтæ фæкъаддæр уыдзысты. Уыимæ ма, ног уынаффæмæ гæсгæ, куыстуæтты хæрдзтæ контейенертæ цалцæг кæныныл дæр нæ бæрæг кæндзысты. Ныртæккæ Цæгат Ирыстоны регионалон операторы тариф хъæбæр коммуналон хауæццæгтæ ласынæн у 306 сомы æмæ 3 капеччы - иу кубон метрæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Уæрæсейы раивдзысты хъæбæр коммуналон хауæццæгтæ ласыны тариф
Категория:
Новости и СМИ