Цæрдæг тæссаг хъазт

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

Цæгат Ирыстоны 11-аздзыд чызг кæй фæмард, уый тыххæй сарæзтой слестгæнæн мадзæлтты агъоммæ басгæрстытæ. Хъуыддаг райхалынæн баххуыс кæндзæн сæрмагонд медицинон экспертизæ дæр. Бон раздæр чызг йе `мкъласонтимæ сывæлæтты хъазæн ранмæ рабалц кодта футболæй хъазæн фæзыл. Фæлæ сывæллон уæддæр сывæллон у. Бацыд футболон хызы цурмæ æмæ йæм сбырынвæнд куы скодта, афтæ йыл уый рафæлдæхт. Сывæллон æфсæйнаджы бын фæцис. Ацы æвирхъау цауæн æвдисæн чи уыдис, уыдон тагъд æххуысы службæмæ бæргæ бадзырдтой, фæлæ уыдонæн дæр сывæллоны аирвæзын кæнын нал бантыст. Рынчындонмæ фæндагыл йæ цардæй ахицæн. Бынæттон цæрджыты хъыджы `нкъарæнты ахæсты бахаудысты, хъуыддаджы фæдыл исты зæгъынмæ се `взаг тасгæ дæр нæ кæны. Фæлæ не сфæлдыстадон къорд ссардта, бинонты хорз чи зоны, ахæм адæймаджы. Ацы цауæн ма æвдисæнтæ чи уыдис, уыдоны ацы хъуыддаджы фæдыл биноныгæй фæрсынц. Хъуамæ сбæрæг кæной футболон фæз кæй бæрны ис, уый. Футболон дуæрттæ биологон экспертизæ скæныны тыххæй фæзæй раластой. Иртæстыты фæстиуджытæм гæсгæ скæндзысты кæронбæттæн хатдзæгтæ. РЦИ-Аланийы слестгæнæн комитеты сæргълæууæджы хистæр æххуысгæнæг Гусаты Эдуард: «Цæгат Ирыстоны слестгæнæн комитеты бæрæг кæнынц ацы цауы ахоссæгтæ. Ныртæккæ уал сарæзтам тæрхонгæнæн-медицинон экспертизæ. Фæрсæм, цау йæхи цæстæй чи федта, уыцы адæмы, стæй бæрæг кæнæм зæххыты хицауы. Слестгæнæн мадзæлтты фæстæ скæндзыстæм æмбæлгæ хатдзæгтæ». Не сфæлдыстадон къорды къухы ма бафтыд бынæттон сывæллæттимæ дæр аныхас кæнын. Куыд разырдтой, афтæмæй ацы футболон фæзы гæрзтæ æмбæлгæ хуызы фидаргонд не сты. Уымæ гæсгæ дзы сабитæ бирæ хатт райстой хъæдгæмттæ. Дзуаппмæ бахатыдыстæм Беслæны администрацийы сæргълæууæгмæ дæр. Йæ ныхæстæм гæсгæ, футболон дуæрттæ ам цæрджытæ сæхæдæг сæвæрдтой. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Цæрдæг тæссаг хъазт

Категория:

Новости и СМИ