Ныккæлынмæ йæ бирæ нал хъæуы
Цæрæнбонты æххуысмæ фенхъæлмæ кæс, æмæ цæй тыххæй? Елхоты цæрæг Бырнацты Аллæ ныр 10 азы æнхъæлмæ кæсы кæлæццаг хæдзæрттæй ногмæ раивыны программæмæ. Кæд мæм дзы исты `рхауид, зæгъгæ. Йæ хæдзармæ зилын йæ бон нæу. Аллæ та дзы цæргæ кæны. Фæлæ цы уавæрты æмæ куыдæй, уый феныны аккаг у. Нæ уацхæссæг Пелиты Сабинæ базонгæ сылгоймагимæ æмæ бацæттæ кодта мæнæ ацы æрмæг. 21 æнусы ахæм уавæрты цæрын, диссаг куыннæ уыдзæн. Бырнацты Аллæйы хæдзар згъæлы. Цы уавæрты цæры, уый дзуринаг нæу, хуыздæр уыдзæн алцыдæр хи цæстæй фенын. Пенсийы 8 миныл фæцæрын та зынгомау у: рынчын адæймаджы кæм хостæ балхæнын хъæуы, кæм хойрæгтæ. Цалцæггæнинаг куыстыты бæсты та ацы хæдзар хъæуы фехалын. Аллæ у 3-æм къæпхæны инвалид. Йæхи арæх æвзæр фенкъары. Йæ туджы æлхъывдад схизы æмæуæд йæ бон сыстын дæр нæ вæййы. Цæргæ дæр иунæгæй кæны. Йй цард æнцон нæ уыд: йæ дыууæ фырты æмæ йæ сæры хицауы бавæрдта. Цы хæдзар ын баззад уый тынг зынаргъ у. Фæлæ дзы куыд цæра? Кæд æмæ дзы нæдæр газ, хнæдæр ъарм дон æмæ хъармгæнæн хызæг нæй, уæд. Адæмы хуызæн цæрынмæ Аллæ æрмæст тæхудытæ кæны. Аллæйы хæдзар 10 азы размæ кæлæццаг хæдзæрттæй ногтæм раивыны программæмæ бахастой. Бынæттон администрацийы куыд зæгъынц, афтæмæй сæ бон ын нæу æхцатæ радих кæнын. Æххуысы къух æм кæд бадардзысты, уый дæр зын зæгъæн у. Куыд æртыккæгæм къорды инвалидæн, Аллæйæн æххуыс кæны цæрджыты социалон æххуысы управлени. Куыд зæгъынц, афтæмæй сæхицæй цы аразгæ у, уый йын кæнынц. Фæлæ цæрæнуат баивыны фарста, уыдонмæ нæ хауы. «\Аллæ уæддæр йæ ныфс дары, æххуысы къух йæ хæдзары дуæрттæ кæй бахондзæн, ууыл. Куыд фæзæгъынц, тæригъæд кæныны бæсты исты гыццыл æххуыс хуыздæр у. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Ныккæлынмæ йæ бирæ нал хъæуы
Категория:
Новости и СМИ