Кадджын уазæг

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

Цæгат Кавказы фæсивæдон форум «Машук»-ы фыццаг фæлтæр йæ тæмæны ис. Нæ республикæйæ дзы архайынц сæдæ адæймагæй фылдæр. Абон сæм уыди æппæты кадджындæр уазæг - Уæрæсейы президент Владимир Путин. Базонгæ йæ кодтой форумы архайджытимæ æмæ сæ проекттимæ. Се `ппæтæй дæр разыйæ баззад. Фæлæ уæлдай тынгдæр йæ зæрдæмæ фæцыд Цæллагты Зауырбеджы проект – «Фыдæлты мæсгуытæ», зæгъгæ. Йæ хъуыдытæ Уæрæсейы президентæн радзырдта. 2009-æм азы Цæллагты бинонтæ сцалцæг кодтой сæ мыггаджы мæсыг. Ныр дзы фæнд кæнынц этномузей саразын. Хъуамæ байгом уа 17 августы. Æрбацæуджытæн фадат уыдзæн рагон дзаумæттæ фенынæн, нæ фыдæлты истори æмæ культурæимæ базонгæ уæвынæн, хæдзары исты куыстытæ сæхи къухтæй скæнынæн. Цæллагты Зауырбег бацæттæ кодта сæрмагонд фæз дæр. Владимир Путин уый дæр федта. Æрыгон лæппуйы хъуыдытæй разыйæ баззад. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ахæм хъуыддæгтæ æххæст кæнын ахсджиаг æмæ вазыгджын у. «Фыдæлты уæзæгæн кад кæнын – стыр хæс у, культурон объекттæ та, æнæмæнг, хъахъхъæнын хъæуы», - загъта Уæрæсейы Президент. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Кадджын уазæг

Категория:

Новости и СМИ