450 зынгсирвæзты æрцыд ацы аз Цæгат Ирыстоны
Уыцы зынгсирвæзтытæй 3 æрцыд сывæллæтты аххосæй. Ирвæзынгæнджыты руаджы, арты уацарæй фæрвæзын кодтой 38 адæймаджы, 3 дзы сты сабитæ. Æвæстиатæй зынгсирвæзт кæм æрцыд, ахæм бынæттæй рацæуын кодтой 400 адæймагæй фылдæр. Се`хсæн 20 сывæллоны. Зынгсирвæзтыты рæстæг, 2 адæймаджы фæмард. 9-æн та йе* нæниздзинад хъагдард баййæфта. Ахæм фыдбылызтæй ирвæзынгæнджытæ адæмы исбонад бахъахъхъæдтой 84 милуан сомæн. Профилон министрады куыд зæгъынц, афтæмæй зынгсирвæзтытæн сæ фылдæр æрцыдысты адæм кæм нæ цæрынц, ахæм рæтты. Сæ аххосæгтыл нымайынц, артимæ куыд æмбæлы, афтæ кæй нæ архайдтой, уый. Уыимæ ма газы æвæрæнтæ æмæ электрон куысæнгæрзтимæ раст пайда кæй нæ кæнынц, уый тыххæй. Сывæллæты фыдуаг миты тыххæй та æрцыд 3 зынгсирвæзты. Уыимæ ма æрхæццæ кæны æрдзон зынгсирвæзтыты рæстæг. Уый тыххæй та хъусын кæны нæ республикæйы æрдзон æвæрæнты æмæ экологийы министрад. Миттæ тайын кæй райдыдтой æмæ боныхъæд кæй фæхуыздæр, уый тыххæй ныр тæссаг уыдзæн хъæдты зынгсирвæзтытæ æрцæуынæй. Уый фæдыл профилон уагдæттæ райдыдтой сæрмагонд мадзæлттæ аразын. Се`хсæн - сæрмагонд цæстдард æмæ зынгсирвæзтыты ныхмæ тох. Арты уацары бахауынц зæххытæ хус кæрдæгæй сыгъдæг кæнын куы райдайынц, уæд. Уый та у административон кодексы закъонхæлд. Профилон министрады кусджытæ адæммæ сидынц, цæмæй уой къæрцхъусдæр. Исты фыдбылыз куы æцæуа, уæд хабар кæной сæрмагонд номыр 01-мæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
450 зынгсирвæзты æрцыд ацы аз Цæгат Ирыстоны
Категория:
Новости и СМИ