Урсдоны сарæзтой æфсæддон-патриотон ерыстæ

«СВОих не бросаем», зæгъгæ, сæргондимæ æфсæддон-патриотон акци сарæзтой Урсдоны. Сæйраг приз – республикæйы сæргълæууæджы кубок. Мадзалы бацархайдтой 6 командæйы: æрыгон армионтæ, кадеттæ, уæлдæр æмæ асттæуккаг ахуыргæнæндæтты студенттæ. Архайджытæ ерыс кодтой тагъддæр æмæ фæразондæр чи у, уый раиртасыныл. Æгасцуйы ныхæстæ сын ракодта нæ республикæйы сæргълæууæг æмæ хицауады администрацийы разамонæджы хæдивæг Биасты Игорь. Турниры аразджытæ та сты "Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты" фонды филиал, фæсивæды хъуыддæгты фæдыл комитет æмæ Дыгургомы районы администраци. Фыццаг бынат райста Къора-Урсдоны командæ, дыккаг - Алагираг къорд, æртыккаг та систы Дыгорайæ архайджытæ. Уæлахиздзауты схорзæхджын кодтой майдантæ, дипломтæ æмæ æхцайæ.

Иконка канала IRYSTONTV
1 465 подписчиков
12+
33 просмотра
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии