Битарты Вячеслав фембæлд Мичурины хъæуы цæрджытимæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

Нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав дарддæр аразы фембæлтытæ районты цæрджытимæ. Ацы хат уыди Æрыдоны районы. Сæ фарстатимæ æрбацыдысты Мичурины хъæуы бынæттон цæрджытæ. Культурæйы хæдзары къах бавæрæн дæр нæ уыд. Бынаты куыста не сфæлдыстадон къорд дæр. Адæмы цы тыхсын кæны æмæ сын бæрнон кусджытæ цавæр дзупп радтой, уый тыххæй бæлвырддæр радзурдзæн ме`мкусæг Уазиты Залинæ. Нæ республикæйы сæргълæууæгимæ фембæлдмæ бынæттон культурæйы хæдзармæ æрбацыд 200 адæймагæй фылдæр. Хъæуы аразынц ног сывæллæтты рæвдауæндон. Афæдзы кæронмæ сцæттæ уыдзæн. Ивгъуыд аз хъæуы баивдтой донуадзæн хæтæлтæ фæлæ дзы уæддæр аиуварсгæнинаг фарстатæ бирæ ис. Цæрджыты ма тыхсын кæны доны аргъ дæр. Битарты Вячеслав тарифты регионалон хайады разамонæг Къуымæриттаты Аланæн бабар кодта, цæмæй доны аргъ ногæй банымайа. Цас сæ фæнды, уый бæрц аргъ хъуамæ ма уа. Кæд æмæ ма ивгъуыд аз электрон тыхы аргъ – дон цъирæн станцæтæн дыууæ хатты фæкъаддæр. Уымæ гæсгæ, доны тариф ивынæн бар нæй. Хъæуы цæрджыты ма фæндæгты фарста дæр тыхсын кæны. Фæндаггон хæдзарады комитеты разамонæг Солиты Тариэль куыд фехъусын кодта афтæмæй хъæуы иувæрсты фæндагы арæзтадон куыстытæн сæм ис проект 1 милиард æмæ 200 милуан сомæн. Фæлæ йæ федералон программæмæ баххæсын къухы нæма бафтыд. Республикæйы сæргълæууæг сын зæрдæ бавæрдта ацы хъуыддаджы сæм кæй фæкæсцæн уымæй. Светофор сæвæрын та бабар кодта афæдзы кæронмæ. Мичурины спортивон залы арæзтады фарста дæр рагæй тыхсын кæны цæрджыты. Хъæуы фæсивæд Битарты Вячеславæн хъæддыхæй загътой спортивон зал сæхи тыхтæй кæй сараздзысты уымæй. Республикæйы сæргълæууæг сын зæрдæ бавæрдта хъæугæ арæзтадон гæрзтæ сын кæй самал кæндзæн уымæй. Битарты Вячеслав куыд бафиппайдта афтæмæй хизæн фæзтæ хъуамæ хицæн адæймæгты къухы ма уой. Профилон уагдæттæн бабар кодта адæм аукционы цы æхцайы фæрæзтæ бахардз кодтой, уыцы зæххытæ хизæн фæзтæн ныууадзой. Бынæттон культурæйы хæдзар хъæуы бындорон цалцæг кæнын. Битарты Вячеслав адæмæн зæрдæ бавæрдта фидæны азæй федералон программæ мæ кæй бахæсдзысты уымæй. Скъолайы бæстыхай дæр хъæуы рацаразын. Республикæйы сæргълæууæг куыд зæгъы афтæмæй республикон бюджеты хæрдзай скъола бацалцæг кæндзысты, компютерон техникæ дæр сын балхæндзысты. Уый фæстæ та йæ баххæсдзысты бындурон цалцæджы федералон программæмæ. Битарты Вячеслав ма хъæуы цæрджытæм фæкæсдзæн куысты бынæттæ ссарынмæ дæр. Уый тыххæй республикæйы хъæууон хæдзарады министрад снысан кодта цалдæр проекты. Се `хсæн хъæрмуæттæ æмæ инкубатортæ саразын. Экономикæйы райрæзты министрады та сæм фæкæсдзысты сæрмагонд гæххæтытæ бацæттæ кæнынмæ. Уымæй уæлдай ма сын республикæйы сæргълæууæг зæрдæ бавæрдта фæсивæдæн кæй баххуыс кæндзæн респуликон куыстуæтты куысты бынæттæ ссарынмæ. Битарты Вячеслав дæрддæр æмбæлдзæн республикæйы районты цæрджытимæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Битарты Вячеслав фембæлд Мичурины хъæуы цæрджытимæ

Категория:

Новости и СМИ