Республикæйы парахат кæны хъæрмуæттæ аразыны куыст

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

7 лет назад

Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеславы хъæппæрисæй республикæйы хъæууон-хæдзарады министрад зæхкусджытæн цæттæ кæны бирæ ногдзинæдтæ. Гранттæй уæлдай ма министрад ахады, цæмæй республикæйы цæрджытæ хъæрмуæттæ аразынмæ разæнгард кæной. Ахæм куыстмæ нæ республикæйы бонæй-бонмæ фылдæр здахынц æргом. Цавæр сты æххуысы хуызтæ æмæ сæ куыдæй ис райсæн, уый базонынмæ араст не сфæлдыстадон къорд. Хуасдзауты Алинæйы æрмæгмæ ма бакæсæм. Тедеты Ибрагим хъæрмуæтты куыст кæн 4 азы. Зайын дзы кæны пъæмидортæ æмæ джитъритæ. Уыцы рæстæгмæ бирæ сорттæ бавзæрста. Йæ продукийы хæрзхъæдзинадыл удуæлдайæ архайы. Фæлæ йын фæстаг рæстæг йæ продукци балхæнын кæй фæнды, уыдоныл нæ аххæссы. Тедеты Ибрагим, зæххкусæг: «Ныртæккæ мæм 3 хъæрмуаты ис. Сæ иумæйаг фæзуат - 450 квадратон метры. Æмбарын æй, пъæмидортæ æмæ мæм джитъритæ фаг кæй нæй. Ме `лхæнджытæн се `ппæты сифтонг кæнын, хъыгагæн, мæ бон нæу. Фæнды мæ мæ хъæрмуæтты фæзуат фæфылдæр кæнын. Уæд мæ продукцийы бæрцыл дæр бафтид. Нæ республикæйы хъæууон хæдзарады министрадмæ дæр мæхи бакъул кодтон, цæмæй мын баххуыс кæной. Мæ гæххæттытæ грант райсынмæ бацæттæ кодтон. Ныфс мæ ис, æмбæлгæ æххуысимæ мæ куысты фадæттæ кæй фæуæрæхдæр уыдзысты». Уыцы æххуыс Ибрагимы хуызæн зæххкусджытæн бакæнын у Мæрзойты Сосланæн. 7 азы дæргъы у Италиаг хъæрмуæттæ уадзæг компани Europrogress-ы эксклюзивон минæвар нæ бæстæйы. Уыцы рæстæгмæ хъæрмуæттимæ кусыны сусæгдзинæдтæй алцыдæр базыдтой. Суанг ма сын Сахалины дæр сты. Дзуапп дæттынц тæккæ нырыккондæр домæнтæн. Мæрзойты Сослан, хъæрмуæттæ уадзæг компани «Europrogress Alania»-йы минæвар: «Ацы хъæрмуæтты адæймаджы бирæ хъуыддæгтыл хъуыды кæнын нал хъæуы. Температурæ, уарын æмæ дзы дымгæйы бæрæггæнæг прибортæ лæууы. Компьютер алцæмæдæр йæ цæст дары. Куы бахъæуы, уæд хъæрмуаты сæр байгом вæййы. Дондзæуæн къанæуттæ дæр уæрæх сты, цæмæй мит кæнæ къæвдайы рæстæг халсартæ хъыгдард ма баййафой. Ахæм хъæрмуæтты садзæн ис куыд халсартæ, афтæ алыхуызон дыргътæ дæр. Куыд æй уынут, афтæмæй джитъритæ зайын кæнæм. Хъæрмуат уæлæмæ цас бæрзонддæр уа, афтæ дзы тыллæг фылдæр æрæмбырдгæнæн ис». Канд италиаг компанийы минæвæрттæ не сты, фæлæ ма сæ италиаг хаххнывтæм гæсгæ аразынц сæхæдæг дæр. Æнæмæнг, æлхæнджыты домæнтæм гæсгæ. Цы рæстæг кусынц, уæдмæ сæ хъæрмуæтты хæрзхъæддзинадæн стыр аргъ скодтой куыд нæхи республикæйы, афтæ сыхаг республикæты æмæ æнæхъæн Уæрæсейы дæр. Ныр нæ республикæйы хойраг æмæ хъæууон хæдзарады министрады программæмæ гæсгæ, гранттæ чи райса, уыдонæн сараздзысты хъæрмуæттæ. Уымæй уæлдай ма, уыцы куыст хæрзæрæджы кæнын чи райдыдта, уыдонæн та сæ зонындзинæдтæ уардзысты. Стæй сæм фыццаг аз се `ргом здахдзысты. цалынмæ сæ къахыл фидар не слæууой, уæдмæ. Горæтгæрон районы администрацийы хъæууон хæдзарады хайады разамонæг Засеты Эрик куыд зæгъы, афтæмæй зæхкусджытæн нæхи республикæйæ æххуыс зонын пайдайаг хъуыддаг у. Нæ республикæйы хойраг æмæ хъæууон хæдзарады министрад Битарты Вячеславы хæслæвæрдмæ гæсгæ сарæзта конкурс. Кæй фæндыдис йæ тыхтæ хъæрмуæттимæ куысты бафæлварын, уыдонæн бар радтой сæ гæххæттытæ бацæттæ кæнынæн. Сæрмагонд къамис сын æркастис сæ курдиæттæм. Хъæрмуæттæ аразынвæнд кæм кæнынц, уыцы зæххытæ дæр федтой. Адæмæн сæ фылдæры фæнды халсартимæ кусын. Министрады куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй бынæттон хъæрмуæттæ аразæджы равзæрстой, цæмæй дзы логистикон хæрдзтæ уæвгæ дæр ма уа. Кæй курдиæттæм æркастысты, уыдонæн мæйы `мгъуыдмæ сараздзысты нырыккон домæнтæн дзуаппдæттæг хъæрмуæттæ. Иннæ курдиæттæм дæр хæстæгдæр рæстæг министрады хъуамæ æркæсой. Афтæмæй нæ республикæйы хæрзхъæд халсарты нымæц фæфылдæр уыдзæн. Зæххкусджыты уавæртæ та хуыздæр кæндзысты. Хуасдзауты Алинæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Республикæйы парахат кæны хъæрмуæттæ аразыны куыст

Категория:

Новости и СМИ