Бындурон куыст
Цæгат Ирыстоны бындурон цалцæггæнæн фиддонты хæс у 870 милуан сомы. Нæ республикæйы цæрджытæ афойнадыл лæггæдтæн нæ фидынц, иуæй-иутæ уæвгæ хъавгæ дæр нæ кæнынц, хæсы бæрц та фылдæрæй фылдæр кæны. Уыимæ регионалон оператор та зæгъы, лæггæдтæн бафидын кæй хъæуы. Ацы мæйы райдианæй хæсджынтæм æрвитын райдыдтой тæрхондонæй домæнты фыстæджытæ. Цы æххуыс фæуыдзæн ахæм мадзал хæсджынты фидынмæ сразæнгард кæнынæн? Фарстамæ лæмбынæг æркаст не сфæлдыстадон къорд. Тæркъæвдатæ æмæ тыхджын дымгæмæ Къостайы, Гончаровы, Пожарскийы номыл æмæ Мæскуыйы уынгты бирæуæладзыгон хæдзæрттæ сты цæттæ. Ивд æрцыдысты сæ сæртæ. Ныр сæ цартæ нал тæддзысты. Бирæ азты фæстаг уæладзыджы фатерты уавæр сæ хæрзтæй нæ уыд. Ныр хъуына æмæ донлæсæнтæ ферох кæнæн ис. Аразджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй арæзтадон материалтæ бæздзысты 25 азæй фылдæр. Бындурон цалцæджы программæмæ гæсгæ, республикæйы базылдысты 57 бирæфатерон хæдзары сæртæм. Фæлæ уый – ныридæгæн. Адæм сæ хæдзæрттæм базилынмæ рады лæууынц афæдзгай. Хъуыддаг бирæтæн ныддæргъвæтин сæхи аххосæй. Цалцæггæнæн куыстытæн сæ фидын нæ фæнды. Растдæр зæгъгæйæ та, се `ппæты нæ фæнды. Ацы аз бындуронæй базилдзысты 30 хæдзармæ. Æппæты æвзæрдæр уавæры сты хæдзары сæртæ, уыдон араздзысты фыццаджыдæр. Уый фæстæ ргом здæхт æрцæудзæн хæдзæртты æддаг бакастмæ æмæ пъадвалтæм. Хъæуы æрмæстдæр афойнадыл фидын. Бирæфатерон хæдзæртты цæрджыты иумæйаг хæс хæццæ кæны миллиардмæ. Уыимæ ма алы мæйымæ хæсдарджыты бæрц рæзы. Æмткæй райсгæйæ республикæйы ис 111 мин абоненты. Фидгæ та кæны æрмæстдæр сæ цыппæрæм хай. Профилактикон ныхастæй пайда нæй, зæгъынц специалисттæ. Уый тыххæй ацы мæйæ фæстæмæ фонд райдыдта тæрхондонмæ хъаст кæнын. Куыд зæгъынц, афтæмæй æндæр гæнæн нæй. Тыхсынц цæрджытæ сæхæдæг. Фыццаджыдæр æнæкъуылымпыйæ чи фиды, уыдон. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Бындурон куыст
Категория:
Новости и СМИ