Куыстуат «Фæндыр»-æн ссардзысты ног бынат
Куыстуат «Фæндыр»-æн Цæгат Ирыстоны хицауад агуры ног бынат. Адæмон инструменттæ цалцæг кæм кæнынц, Цæгат Кавказы иунæг ахæм цехæн, æнæмæнг, хъæуы бæстыхай ссарын. Уый тыххæй раздæр фехъусын кодтой промышленность æмæ транспорты министр Хайдарбек Бутов æмæ фабрикæйы директор Ужегаты Тамерлан. Сæ ныхæстæм гæсгæ, фыццаджыдæр хъæуы æрмадзтæн ног бынат ссарын, цæмæй адæм дæр æгуыстæй ма бадой. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, 2-æм августы зынгсирвæзт Дзæуджыхъæуы бахъыгдæрдта фæндыртæ аразæн фабрикæ. Хуыцау хорз, æмæ дзы лæгмæрдтæ не `рцыд. Арт ахуыссын кæныныл тох кодтой 186 ирвæзынгæнæджы æмæ сæрмагонд техникæйы 45 иуæджы. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ куыстуат архайдта 1990 азæй нырмæ. Уыимæ ма, зынг схæцыд сыхаг бæстыхайыл дæр - къуымбил цæгъдæн цехыл дæр. Ныртæккæ уал цæуынц слестгæнæн мадзæлттæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Куыстуат «Фæндыр»-æн ссардзысты ног бынат
Категория:
Новости и СМИ