Æххуысмæ сидынц
Цæллыччы ныр дæр ма иуварс кæнынц æрдзон фыдбылызы фæстиуджытæ. Уæ зæрдыл уын æй æрлæууын кæндзыстæм, ацы аз майы мæйы тыхджын къæвдаты фæстæ хъæу доны бын кæй фæцис, уый. Хъыгдард баййæфтой 30 хæдзары. Цыппар мæйы адæмæн æххуыс кодтой хæстæг хъæуты цæрджытæ, бархионтæ, амалхъом адæм. Ныр Цæллыкк цы уавæрты ис, уый радзурдзæнис нæ уацхæссæг. Цард цæуы æмæ фарн йемæ хæссы. Ацы хъуыдыимæ разы сты Лалыты бинонтæ Цæлыккæй. ХъыгдАрд баййæфтой, 4 мæйы размæ цы донивылд æрцыд, уым. Хæдзар доны бын фæцис. Кæд агъуыстыты хъуынайы тæф нал кæны, цырыхъхъыты нал цæуынц, уæддæр сæм нырма аразинæгтæ бирæ ис. Абон дæр ма бинонтæ сæхи хъаруйæ тох кæнынц æрдзон бæллæхы фæстиуджытимæ. Хæдзарæн йæ алы къуым дæр хъыгдард баййæфта донивылды рæстæджы. Агъуыстытæ ныр дæр нæ бахус сты. Ацы уаты цæры 10-аздзыд сывæллон. Ныр дæр ма дзы уымæл у. Уатæн ныр дæр ма йæ къултæ хуылыдз сты. Хъуына. Мæнæ ацы скъаппы бын пъол у донласт, уазал, бæгъæввадæй цæуæн ыл нæй. Комната до сих пор мокрая, стены мокрые. Плесень. Под этим шкафом, под ламинатом полностью вода. Ходить босиком здесь невозможно, потому что холодный пол. - перевести Цæмæй бæстыхайы ногæй дон ма æмбырд кæна, уый тыххæй йын йæ алывæрстæ æрæхгæдтой. Хæдзары дзаумæттæй чи нал бæззыд, уыдон аппæрстой. Уаттæй иутæ бацалцæг кодтой, иннæтæм дæр чысылгай бавнæлдтой. Пъолы æмвæзад систой 40 см уæлдæр. Æппæт ацы хъуыддæгтæ кæнынц сæ сывæллæттыл хъуыдыгæнгæйæ. Æрдзы знæт митæй ныр дæр ма тæрсынц. Адæм сæхи банчы кредитты баппæрстой. Æндæр æххуыс афтæ дæр нæма федтой. Уæзласæн хæдтулгæйы æрдæг хуыр, цементы 3 голладжы æмæ ууыл ахицæн... Афтæ алы бинонтæн дæр. Афтæмæй та æрдзон бæллæхы азары дæсгай хæдзæрттæ баййæфтой хъыгдард. Бынæттон администрацийы ма сæ фæныфсджын кодтой алы бинойнагæн дæр фæйнæ 5 мин сомæй. Официально было заявлено, что нам помогут, выделят материальную помощь. По 5 000 рублей. Но пока их никому не выдали. Бынæттон администрацийы ацы хъуыдыимæ разы не сты. Алы мадзал дæр, дам, аразæм, цæмæй адæмæн баххуыс кæной. Æрдзон фыдбылызы фæстиуджытæн уал се 60 проценты аиуварс кодтой. Кæнынц профилактикон куыст дæр. Тæрккъæвдаты фæстиуджытæ аиуварс кæныны хъуыддаг цæрджытæн æрæнцад сæхиуыл. Ницæмæ æмæ никæмæуал æнхъæлмæ кæсынц. Сæ зæрдæ дарынц æрмæст æрдзыл, ахæм тыхджын къæвдатæ сыл кæй нал æруаддзæн, ууыл. Уазиты Зæлинæ, Томайты Аланæ, Мæхъиты Батырбег, Ирыстоны хабæрттæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Æххуысмæ сидынц
Категория:
Новости и СМИ