Владимир Путины журналисттимæ пресс конференци кæронмæ æрхæццæ
Нæ бæстæйы президент Владимир Путины журналисттимæ пресс-конференци кæронмæ æрхæццæ цалдæр минуты размæ. Бæстæйы разамонæг дзуапп ратта 100-мæ `ввахс фарстæн. Уыдысты алыхуызон. Куыд нæ бæстæйы хъуыддæгтимæ баст, афтæ æппæтадæмон ахастдзинæдты тыххæй дæр. Сæ фылдæр - экономикæйы райрæзт æмæ регионтæн æххуысыл. Владимир Путин куыд фæнысан кодта афтæмæй Уæрæсейы экономикæ хъуамæ æппæтдунейы уа фыццаг фондзы `хсæн. Уый тыххæй хъæуы ахсджиаг хъуыддæгтыл иумæйагæй бакусын. Æппæты тынгдæр фарстой Америкæимæ ахастдзинæдты тыххæй. Фæрстытæ радтыны бар ма æрхауд фæсарæйнаг журналисттæм дæр. Президенты бафарстой Япониимæ сабырдзинады сæрмагонд бадзырды тыххæй. Владимир Путин куыд бафиппайдта, афтæмæй уый æдасдзинадæн ахсджиаг у. Уæлдайдæр ныр, Америкæ Японийы æфсæддон базæтæ куы райдыдта аразын, уæд. Журналисттæ ма Президенты фарстой зæххы куыст æмæ хъæууон хæдзарады райрæзты тыххæй дæр. Путины куыд зæгъы, афтæмæй фаронимæ абаргæйæ æппæт бадзырдтæ дæр æххæстгонд цæуынц. Уæрæсейы хъæууон хæдзарады хойраджы экспорт ацы аз 25 миллиард доллæры фæфылдæр уыдзæн. Уый тыххæй хъæуы инфрастуктурæйыл бакусын. Президент куыд зæгъы, афтæмæй ацы мадзæлттæн радих кæндзысты 400 миллиард сомы. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ ацы пресс-конференцийы архайынц алы регионы журналисттæ. Се `хсæн сты нæ республикæйы минæвæрттæ дæр. Бынаты кусы не сфæлдыстадон къорд, бæлвырддæр хабæрттæ нын хъуамæ хъусын кæной нæ иннæ программæтæм. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Владимир Путины журналисттимæ пресс конференци кæронмæ æрхæццæ
Категория:
Новости и СМИ