Паддзахадон Думæмæ
Хуссар Ирыстон Паддзахадон думæмæ цы хъæппæрис бахастой, уымæ æркæсдзысты депутаттæ. Республикæйы парламенты уæнгтæ курынц, цæмæй Гуырдзыстоны æмæ Хуссар Иуыстоны*хсæн 1920 азæй нырмæ цы æвирхъау цаутæ цыд, уый геноцидыл банымайой. Фарста тагъд рæстæг дзырддаг уыдзæн Паддазахдон Думæйы Советы. Уый тыххæй фехъусын кодта Уæрæсейы парламенты дæллаг палатæйы спикер Вячеслав Володин. Куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй хæстæгдæр рæстæг цы æмбырд уа, уым фартайыл аныхас кæндзысты политикон фракцитæ æмæ комитетты сæрдартæ. Раздæр уын куыд хъусын кодтам, афтæмæй нæ бæстæйы президент Владимир Путин йæ ныхасы загъта, Гуырдзыстоны цæрджытæн хуыздæр уыдаид Абхази æмæ Хуссар Ирыстоны адæмыхæттыты хсæн истори хуыздæр базонын, кæд сæ абон фæнды æнгомæй цæрын, уæд. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Паддзахадон Думæмæ
Категория:
Новости и СМИ