Сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы мадӕлтӕ ӕмӕ бинойнӕгтӕ Иристоны номӕй архайдтой ӕппӕтуӕрӕсеон фестивалы
Сценӕмӕ рацӕуын ӕмӕ, йӕ Райгуырӕн бӕстӕ хъахъхъӕнгӕйӕ хъӕбатырӕй чи фӕмард, уыцы фырты сгуыхтдзинады тыххӕй радзурын Елена Андреевайæн зын уыд. Фӕлӕ сылгоймаг йӕ ныфс бахаста сӕрмагонд æфсæддон операцийы архайæг Кирилл Андреевы лӕгдзинады дæнцæгтимæ иннæты базонгæ кæнынмæ. Сылгоймаг Цæгат Ирыстоны номæй уыд фестиваль "Женское сердце России"-йы Майкъопы. Кæй зæгъын æй хъæуы, зын уыд. Тыхсдтæн, ныртæккæ дæр тыхсын. Хъуыды кодтон, мæ цæссыг бауромын мæ бон суыдзæн æви нæ, фæлæ сарæхсдтæн, мæ фыртау, мæхи фидарæй равдыстон. Мæхицæн ныфс æвæрдтон, рауайдзæн мын, зæгъгæ, æмæ мын ныр æхсызгон у, мадзалы кæй архайдтон, уый. Фестивалы сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты мадæлтæ æмæ бинойнæгтæ дих кодтой сӕ хиуæтты хабӕрттӕй. Цыбыр рӕстӕгмæ архайджытӕ фӕхӕстӕгдӕр сты, кæрæдзийæн систы ныфс, сæ тыхст дæр иумæйагæй рогдæр кодта. Бирæтæн сӕ фембӕлд уӕлдай ахадгӕдӕр рауад: сылгоймӕгтӕ базыдтой, сæ хæстæджытæ фронты фӕрсӕй-фӕрстӕм кӕй хæцыдысты ӕмӕ кӕрӕдзийы ӕхсарджынӕй кӕй хъахъхъӕдтой, уый. Фембæлдтæн Стъараполæй Валерий Багдановы идæдзимæ. Лæппу батагъд кодта æмæ мын мæ фырты йæ риуæй сæхгæдта, хъыгагæн уый дæр фæмард. Уыцы фембæлды тыххæй радзурæн нæй, банкъарын æй хъуыд. Цӕгат Ирыстонæй мадзалы уыд 8 минæвары. Се 'хсӕн Хъазиты Мзия дӕр, ныр цыппар азы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ӕбӕрӕгӕй чи фесӕфт, уыцы цардæмбалы ӕрбаздӕхтмӕ. Сылгоймаг сӕтты: сценæмæ рацыдмæ цӕттӕ кӕныны рӕстӕг систы ӕцӕг командӕ. Кæй нæм фæдзырдтой, уый мæхицæн кадыл нымайын. Æхсызгонæй дзы архайдтон, национ ирон уæлæдарæс скæнын æмæ йæ иннæтæн равдисын. Æнхъæл дæн æмæ нæхи хорз равдыстам. Зын нæ уыд, уымæн æмæ тыхджын командæ разындыстæм. Раныхасыл куыста Цӕгат Ирыстоны зындгонд режиссер ӕмӕ аивӕдты сгуыхт архайӕг Хъӕрджынты Изабеллӕ. Уый баиу кодта мадӕлты ӕмӕ бинойнæгты сӕрмагонд цаутæ "Арвайдæн"-ы видеорядимӕ. Йӕ трагикон хайы сæ уарзон адæмы чи фесæфта, уыцы сылгоймæгты рис æмæ катай, уыимæ ма бахъахъхъæнын бантыст национ æууæлтæ. Бирæ зындзинæдтæ чи бавзæрста æмæ сæрыстырæй сæ сæрты чи ахызт, уыцы адæм. Уымæ гæсгæ нæ адæмы æхсардзинад равдисын æмæ йæ мадзалы тематикæимæ сбæттын мын зын нæ уыд, уыцы миниуджытæ нын æрдзæй лæвæрд сты. Композици кӕронмӕ ахӕццӕ кодтой культурæйы колледжы студенттæ, уыдон акодтой национ кафт Хонгæ, Финалы уый сси ныфсы нысан, йӕ хиуӕттӕм дарддӕр чи ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдонӕн. Студенттӕн фестивалы архайд сси фадат ӕфсӕддонты бинонтӕн баххуыс кӕнынӕн ӕмӕ сын кад скӕнынӕн. Патриотизм æрмæст æнкъарæнтæ не сты, фæлæ æрвылбоны фæллой. Фæсивæдæн пайда сты ацы мадзæлттæ, уыдон æй хъуамæ зоной, ныртæккæ мах цæрæм, нæ сæрмæ нын сыгъдæг арв чи хъахъхъæны, нæ сабырдзинадыл нын чи ауыды, кусыны æмæ нын ахуыр кæныны фадат чи дæтты, уыдоны фæрцы. Абоны сывæллæттæ ацы бындуртыл хъомыл кæнынц. Культурæйы колледжы студенттæ æппынæдзух архайынц алыхуызон мадзæлтты. Фестиваль "Уӕрӕсейы сылгоймӕгты зӕрдӕ"-йы цыппӕрӕм къӕпхӕн Майкъопы сӕмбырд кодта 180 ныййарæгæй фылдӕр ӕмӕ хъахъхъӕнджыты бинойнæгты бӕстӕйы 17 регионӕй. Фестивалæн хатдзӕгтӕ нӕма скодтой. Фӕлӕ архайджытӕн ахсджиагдӕр у, сӕ зæрдæйы рис сын кӕй фехъуыстой, уый.
Название:
Сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы мадӕлтӕ ӕмӕ бинойнӕгтӕ Иристоны номӕй архайдтой ӕппӕтуӕрӕсеон фестивалы
Категория:
Новости и СМИ